Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ скъоладзаутæн сарæзтой акцитæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

«Посвящение первоклашек в пешеходы» æмæ «Уважение пожилым пешеходам», зæгъгæ, акцитæ сарæзтой Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ. Мадзалы архайдтой Дзæуджыхъæуы 6-æм скъолайы ахуырдзаутæ. Инспектортæ ныхас кодтой ацæргæ адæмимæ. Иу хатт ма сын сæ зæрдыл æрлæууын кодтой, фæндаггон змæлды архайæг уæвгæйæ хи раст куыд дарын хъæуы, уый. Балæвар сын кодтой, талынджы рухс чи дæтты, ахæм дзауматæ. Уыимæ ма сын байуæрстой информацион сыфтæ. Ацæргæ адæммæ хъæуы уæлдай æгром здахын, цæмæй сæ æрвылбоны цард фæрогдæр уа, зæгъынц профилон куыстуаты минæвæрттæ. Статистикæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, карджын адæм арæх свæййын фæндаггон фыдбылызы архайджытæ. Мадзал аразджыты сæйраг хæс – хистæрты бахъахъхъæнын. Инспектортæ ма ацы бон архайдтой иу ахсджиаг мадзалы. Уыдон фыццаг къласы ахуырдзауты бахастой фистæгцæуджыты хыгъдмæ. Хистæр къласы скъоладзаутæ сабитæн æмбарын кодтой, фæндаджы сæрты раст ахизын куыд хъæуы, уый. Уыимæ ма фæндаггон фæткы домæнтæ куы нæ ’ххæст кæной, уæд сæ бон цавæр фыдбылзты бахауын у, уый тыххæй дæр сын радзырдтой. Уый фæстæ фыццаг къласы ахуыргæнинæгтæ инспектортимæ рахызтысты уынгмæ. Практикæйы хуызы сæ зонындзинæдтæ ныффидар кæнынмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ скъоладзаутæн сарæзтой акцитæ

Категория:

Новости и СМИ