Транскам кусы къуылымпытимæ
Хуссар Ирыстонмæ фæндаг гом у куыд рог хæдтулгæтæн афтæ уæзласæн машинæтæн дæр. Фæлæ уыимæ фæндагыл ацæуæны бар нæй, йæ цæлхытыл зымæгон резинæ, стæй бырынцъаджы ныхмæ рæхыстæ цы уæзласæнтыл нæй уыдонæн. Уый тыххæй хъусын кæны Хуссар Ирыстоны æнæнхъæлæджы уавæрты министрад. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Транскамы фæндаг уæзласæн машинæтæн æхгæд кæй уыд, уый. 13-æм январы бирæ мит æруарыд, хæхбæсты тæссаг уыд миты зæйтæ рацæуынæй, æмæ уый аххосæй фæндаджы куыст фæкъуылымпы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Транскам кусы къуылымпытимæ
Категория:
Новости и СМИ