Цъыккаты Владимиры уголовон хъуыддаджы тыххæй
Цъыккаты Владимиры уголовон хъуыддаджы фæдыл тæрхондоны радон æмбырд ацы сахат цæуы Дзæуджыхъæуы. Медицинон экспертизæйы бюройæ æмбырдмæ `рбаластой Цъыккаты Владимиры буарæй ист биологон æрмæджытæ. Уыдон, куыд рабæрæг, афтæмæй æххæстæй иууылдæр с` архивмæ хаст не `рцыдысты. Ныр Цыккъаты бинонтæ тæрхогæнæгæй курынц, цæмæй æмбырдмæ æрбакæной слестгæнæг Хуыгаты Асланы. Уый хъуамæ дзуапп радта, æрмæджытæ цы фесты, уый тыххæй фарстæн. Архивы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, æнæххæст иртæстытæ сарæзтой 5-æм февралы 2016-æм азы. Афтæмæй сæ аразгæ та сæ уыцы азы сæрды скодтой. Цæмæн афтæ рауад, уый фæстæдæр хъусын кæндзыстæм. Тæрхондоны кусы не сфæлдыстадон къорд. Се `рмæг цæттæ уыдзæн нæ иннæ программæты эфирмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цъыккаты Владимиры уголовон хъуыддаджы тыххæй
Категория:
Новости и СМИ