Цæрикъаты Резван - йæ куыстуаты тыххæй

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Фыдыуæзæгæй йæ рæстæджы дард чи афтыд Туркмæ, уыцы ирон адæм паддзахады æхсæнадон царды аккаг бынат бацахстой. Сæ иу - Цæрикъаты Резван. Йæ фыдæлтæ ног цæрæнбынаты уидæгтæ куы ауагътой, уæдæй бирæ азтæ рацыд. Резванæн йæ мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын ахæм дæргъвæтин рæстæгмæ æнцон нæ уыд. Æндæр æвзаджы ахæсты уæвгæйæ уый зын у. Фæлæ сарæхст. Дзуры ма йыл. Уæвгæ нæ ныхасы сæр уый нæу абон. Цæрикъаты Резван лæууы къахыдарæсы егъау куыстуаты сæргъы. Завод ис Стамбулы. Абон дæр ма Цæрикъаты Резванæн йæ сабибонтæ йæ цæстытыл ауайынц. Сойджын цард ын кæй ничи `рцæттæ кодта, уый раджы бамбæрста. Цардис хъæуы. Зынвадат уавæртæй зæрдæцъæх фæцис. Æнахъом ма уыдис, афтæмæй афтыд Стамбулмæ. Кусынмæ бацыд къахыдарæсы сомихаг дæснымæ. Лæппуйæн йæ ахуыргæнæнджы къухты февнæлд афтæ фæцыд йæ зæрдæмæ, æмæ йæхæдæг дæр уайтагъд уыцы куыстыл фæцалх ис. Хъæумæ йæ нал фæндыд, уымæн æмæ 3-4 азы фæстæ йæхи ахуыргæнæджы хуызæн фæдæсны. Кæддæр-куыддæр хъæумæ куы `рæфтыд, уæд æй йæ фыд фæстæмæ нал уагъта. Фæлæ лæппу нæ баззад. Æмæ нæ фæфæсмон кодта. Азтæ рацыд, æмæ йæ дæсны архайды руаджы æрлæууыд егъау куыстуаты сæргъы. Суанг ма йæ цоты дæр ууыл бафтыдта. Бинонтæ æнгомæй кæй кусынц, уый сæ хоны æнтысты фæндагыл. Куыстуат рапарахат, йæ кой айхъуыст канд Туркыл нæ, фæлæ ма суанг æндæр бæстæтыл дæр. Цы къахыдарæс уадзынц, уый сын хæлофæй аскъæфынц Европæйы, Америкæйы, Азийы æмæ афтæ дарддæр. Кæм æй нæ зонынц, иу ахæм къуым зæххы къорийыл нал баззад. Кæд завод Турчы ис, уæддæр дзы бирæ кусы ирон адæмы фæдонтæй. Не `мтуг æфсымæртæ ацы паддзахады кавказаг иннæ адæмыхæттыты фæдонтимæ абаргæйæ бирæ не сты. Кæрæдзиуыл æнувыд кæй сты, уый хорз у. Хатт уыцы стыр хорзæхыл суанг Ирыстоны дæр сæхи атигъ кæнынц. Турчы та сæ бахъахъхъæнын бафæрæзтой. Турчы æнæвдæлон сты, фæлæ сæ Ирыстонимæ бастдзинад дарынц уæддæр. Цæрикъаты Резван йæ фыдæлты къонамæ куы ссыдис, уæд уыцы бонтæ йæ зæрдыл хорз бадардта. Ам æй хур дæр æндæрхуызон тавта, дзаг риуæй улæфын дæр ын дзы æнцондæр уыдис. Раст æй махæн куы дзырдта, уæд йæ цæсгомы рухс дæр бæрæг дардта. Бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы, хуымæтæджы нæ дзырдæуы. Аланты фæдонтæ кæмфæнды ма цæрæнт, сæ кад æмæ намыс бæрæг фæдары. Стæй сæхи уарзын кæнынц, æцæгæлон адæмыхатты `хсæн сæ куы баурома хъысмæт, уæддæр. Ахæмтæ сты нæ абоны `рмæджы хъайтартæ дæр. Теркæй Туркмæ бирæ æнæзынгæ тæгтæ аивæзтам. Æмæ сын кæд уым аргъ кæнынц, уæд хорз у. Уæд сын азты арфы фесæфынæй тас нæу. Хъулаты Юрий _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæрикъаты Резван - йæ куыстуаты тыххæй

Категория:

Новости и СМИ