Санкт Петербурджы цæуы æппæтдунеон экономикон форум

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Æппæтдунеон экономикон форум Санкт Петербурджы дарддæр йæ куыст кæны. Форумы ахсджиагдæр мадзал уыдзæн Владимир Путин цы пленарон æмбырды архайдзæн уый. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав дзы сæрмагондæй раныхас кæндзæн. Раздæр Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ бабæрæг кодтой Сыгъдæг Мадымайрæмы номыл аргъуаны кæрты Беслæны амæттæгты номыл цыртдзæвæн. Уымæй уæлдай ма Битарты Вячеслав фембæлд цæгатирыстонæй рацæуæг адæмимæ. Уыдон нæ республикæйы сæргълæууæгæн радзырдтой капитан Кучиты Юрийы ном æнустæм ныффидар кæныны куыстыты тыххæй. Кучиты Юрий цы хæдзары цард уыцы къулыл ныффидар кæндзысты номарæн фæйнæг. Уымæй уæлдай Кучиты Юрийы номæй схондзысты сквер. Фембæлды архайджытæ Битарты Вячеславæн равдыстой капитаны портрет. Ныффыста йæ Цæгат Ирыстонæй рацæуæг Татьяна Захарова. Ратдзысты йæ Дзæуджыхъæуы 27-æм скъолайæн. Нæ республикæйы сæргълæууæг зæрдæ бавæртта мадзæлттæ саразынмæ сæм кæй фæкæсдзæн уымæй. Фембæлды кæронбæттæн Битарты Вячеслав Цæгат Ирыстонæй рацæуæг адæмы фæхуыдта сæ райгуырæн зæхх бабæрæг кæнынмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Санкт Петербурджы цæуы æппæтдунеон экономикон форум

Категория:

Новости и СМИ