Кадджындæр дæсныйæдтæ
Уæрæсейы сбæрæг сты тæккæ хъæугæдæр дæсныйæдтæ, адæмон хæдзарады тынгдæр кæй агурынц, уыдон. Цымыдисаг хатдзæгтæм æрцыдысты, сæрмагонд иртæстытæ чи сарæзта, уыдон. Мыхуыр та сæ ныккодта агентад «РИА Новости». Ахæм иртæстытæ ахадгæ сты «Дæсныйæдты бæрæгуатæн». Æрвылхатт æй фæхъæуы сног кæнын. Йемæ базонгæ уæвæн ис Уæрæсейы фæллой æмæ социалон хъахъхъæнынады сайты. Фæнысан кæндзыстæм уый, æмæ тæккæ хъæугæдæр дæсныйæдтæ равзарыны тыххæй иртасджытæ бафарстой 30 мин куыстуатмæ `ввахс минæвары. Хъуыддаг кæмæн бабар кодтой, уыдон сæхæдæг дæр сæ хатдзæгтæй дисы бафтыдысты. Фыццаг бынат бацахста, куыд загътам, афтæмæй уæйгæнæг-кассир. Дыккаджы аккаг ссис хæринаггæнæг, уый дæр фехъуыстат. Куысты уæгъд бынæттæ кæмæ ис, уыцы разамонджыты хыгъды æртыккаг бынат та æрхауд ахуыргæнæджы дæсныйадмæ. Диссаг уый у, æмæ адæмы цæсты кадджындæр дæсныйæдтæ фæсте аззадысты. Фыццаг æртæ бынаты фæстæ рарæнхъ сты юристтæ, социалон кусджытæ, паддзахадон æлхæдтыты специалисттæ, медицинон хотæ, хъуыддагкуыстгæнджытæ æмæ бухгалтертæ. Кæй агурынц, уыдоны `хсæн ма ис æнахуыр дæсныйæдтæ дæр. Суанг ма ирон æвзагмæ тæлмац кæнын дæр нæ комынц сæ нæмттæ. Зæгъæм, сити-фермертæ, Интернет-сёрфинджы инструктортæ æмæ ма бынтон диссаг - 3D-мыхуыры оператортæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Кадджындæр дæсныйæдтæ
Категория:
Новости и СМИ