2024-æм азмæ Беслæны дондзæуæн системæ æнæхъæнæй раивдзысты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

2024-æм азмæ Беслæны дондзæуæн системæ æнæхъæнæй баивдзысты. Уымæй уæлдай фæнд кæнынц ахуырад, культурæ æмæ спорты ног объекттæ саразын. Дондзæуæн системæ сног кæндзысты, мæскуыйаг специалисттæ кæуыл бакуыстой, уыцы пъланмæ гæсгæ. Уый тыххæй куыстадон æмбырды фæнысан кодта хицауады сæрдары хæдивæг Фадзайты Æхсарбег. Æмбырды архайджытæ æрдзырдтой Беслæны социалон-экономикон райрæзтыл. Виталий Мутко цы протокол бафыста, уымæ гæсгæ, террористæ цы горæттæ бахъыгдæрдтой, уыдонæн федералон бюджетæй рахай кæндзысты 9 млрд æмæ 400 милуан сомы. Дондзæуæн системæ баивдзысты уыцы фæрæзтæй. Арæзт ма æрцæудзæн дыууæ скъолайы 550 сывæллонæн, сывæллæтты ног рæвдауæндон, Музыкалон скъола, кванториум, тагъд æххуысы медицинон станцæ æмæ бæхты спортивон скъола сабитæн. Уымæй уæлдай ма Беслæны фæнд кæнынц ипподром рацаразын æмæ сывæллæттæн сфæлдыстадон галуан байгом кæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

2024-æм азмæ Беслæны дондзæуæн системæ æнæхъæнæй раивдзысты

Категория:

Новости и СМИ