Дзӕуджыхъӕуы скъоладзаутӕн ног азы агъоммӕ цӕттӕ кӕнынц бæрæгбоны мадзæлттæ
Къласы лæппутæ æмæ чызджытимæ Ног азы бæрæгбон егъау хиирхæфсæн бынаты сбæрæг кæнын. Уымæй æхсызгондæр ма хъуамæ цы уа? Иумæ хи бавæлварын батуттыл, лабиринтты, хъазæн автоматтимæ, боулингы. Ам бæрæгбоны агъоммæ бирæ сывæллæттæ сæмбырд вæййынц. Уыимæ сты алы кары. Алчидæр дзы зæрдæмæдзæугæ архайд ссардзæн. Шоу программæ дæр арæзт у кармæ гæсгæ. Сабитæн Митын Дада æмæ Митæимæ фембæлд. Иу адæймагæн йæ аргъ у иу мин æмæ æрдæг сомы. Уыдонæй хистæртæн та — се 'ппæтæн зонгæ "Чебурашкæимæ Ног азы алæмæты цаутæ", "Космосон Ног аз". Ацы мадзæлтты архайд та рауайдзæн мин астсæдæ сомы æртæ сахатмæ. Сывæллæттæй æрмæст сæхи уæвын кæй фӕнды, уыдон арæхдæр равзарынц кафе. Рагагъоммæ æрцахсæн ис æрмæст цалдæр стъолы нæ, фæлæ хицæнæй банкетон зал. Хиирхæфсæн программæ дзы у иухуызон. Боулинг баивæн ис лабиринтæй. Автоматтæй ахъазын, уарзон хъайтартимæ акафын, ахæм формат арæхдæр равзарынц райдиан кълæсты сабитæ. Иу адæймагæн бахъæуы мин 300 сомы. Шоу-программæйæ уæлдай ма билеты аргъмæ бахæссынц бæрæгбоны фынгы аргъ дæр. Менюйы – сабитæ фылдæр цы хæринæгтæ уарзынц, уыдон. Центрты дзуапдæттæг разамонджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй продукттæн сæхи аргъ схызт, уымæ гæсгæ фæзынаргъ кæнын бахъуыд билеты аргъ дæр. Алы ран иухуызон нæ, фæлæ фылдæр бафидын алы ран дæр бахъæудзæн. Сывæллæттæ ацы бынæттæм бирæгæйттæй цæуынц. Ног 2024-æм азыл къласимæ сæмбæлын рауайдзæн мин æмæ æрдæг сомы. Сæйрагдæр у, цæмæй бынат æвзаргæйæ сывæллæттæ иу хъуыдымæ æрцæуой. Арæх сæ ныхас кæрæдзиуыл не сбады. Ацы аз каникултæ ахæсдзысты 10 боны. 30-æм декабрæй 8-æм январмæ. Базарадон-хиирхæфсæн центртæ æмæ кафетæ ацы рæстæгмæ ныридæгæн шоу-программæтæ бацæттæ кодтой.