42 скъолайы байгом уыдзысты ахуырадон центртæ «Точки роста»
42 скъолайы байгом уыдзысты нырыккон ахуырадон центртæ «Точки роста», зæгъгæ. Уый тыххæй федералон бюджетæй радих кодтой 45 милуан сомæй фылдæр. Сифтонг сæ кæндзысты бæрзонд технологон авналæнтæй: компьютертæ, 3D-принтертæ, квадрокоптертæ, робототехникæ æмæ æндæртæй. Скъоладзаутæн ма уыдзæн шахмæттæй хъазыны фадат æмæ царды æдасдзинады бындурон зонындзинæдтæ ахуыр кæнын. Уый фæрцы скъолаты фæзындзысты нырыккон технологитæ. «Точки роста», зæгъгæ, центр арæзт у федералон проект «Современная школа»-йы фæлгæты. Фæнысан кæндзыстæм уый, æмæ ацы хъуыддаг къухы бафтдзæн нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрады курдиаты фæрцы. Афтæ ма 2021-æм азы ахæм нымæцон æмæ гуманитарон профилты центртæ фæзындзысты 72 ахуырадон организацийы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
42 скъолайы байгом уыдзысты ахуырадон центртæ «Точки роста»
Категория:
Новости и СМИ