Æрыдоны сæйраг рынчындоны байгом медицинон æркасты уæлæмхасæн кабинет
Æрыдоны сæйраг рынчындоны байгом медицинон æркасты уæлæмхасæн кабинет. Рабæрæг кæнæн дзы ис, шофыр нозт кæнæ психотропон буаргъæдтæй хъæстæ у æви нæ, уый. Пункт фæзынд республикон наркологон диспансеры бындурыл. Æмгуыст кæндзæн барадхъахъхъæнæн оргæнтимæ. Æхсæвæй-бонæй исдзæн канд Æрыдоны цæрджыты нæ, фæлæ ма иннæ районтæй дæр.