ЦИПУ йы ныхас кодтой «Машук-2019»-мæ куыд цæттæ кæнынц, ууыл
Форум «Машук-2019»-ы регистраци гом уыдзæн 7 июльмæ. Цавæр уыдзæн юбилейон 10-æм лагерь дзырдтой абон Цæгат Ирыстоны Паддзахадон Университеты ЮНЕСКОЙЫ конференцийы залы. Форумы разамонæг Дмитрий Донецкий радзырдта фембæлды архайджытæн цавæр ногдзинæдтæ бацæттæ кодтой аразджытæ ацы азмæ. «Машук-2019» 9-æй 30-æм августмæ æрæмбырд кæндзæн Пятигорскы 3000 адæймаджы Цæгат Кавказы æппæт регионтæй. Ивгъуыд аз архайджыты нымæц уыди 2000. Ацы хатт лагер ацæудзæн æртæ сменæйæ. Фыццаг уыдзæн бизнес æмæ технологиты тыххæй. Дыккаг -социалон фарстатæ райхалын æмæ нациты хсæн ахастдзинады тыххæй. Æртыккаг та Цæгат Кавказы Федералон Зылды фæсивæды разамонæгы миниуджытæ сбæлвырд кæнын. Грантты фонд дыууæ фыццаг сменæйæн у 85 милуан сомы. Æртыккагæн - 30 милуан сомы. Архайджытæ фембæлдзысты форумы зындгонд уазджытимæ.Се хсæн паддзахадон архайджытæ, кино æмæ театры артисттæ æмæ музыканттæ. Зæрдыл æфтауæм, форуммæ бавдыст радтын уæ бон у Росмолодежы сайты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
ЦИПУ йы ныхас кодтой «Машук-2019»-мæ куыд цæттæ кæнынц, ууыл
Категория:
Новости и СМИ