Елхоты сарæхтой Республикон хъæууон хæдзарадон рывдыст «День Поля» зæгъæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 просмотров

8 лет назад

Хъæууон хæдзарады кусджытæ, стæй уыцы къабаз цымыдисаг кæмæн у, уыдонæн Елхоты сарæзтой æцæг бæрæгбон. Кæд боныхъæд сæ хуыздæртæй нæ уыд, уæддæр республикон равдыстмæ æрбацыд бирæ адæм. Уый у афæдзы æппæты стырдæр хъæууонхæдзарадон мадзал Цæгат Ирыстоны. Равдыст хуыйны «День Поля», зæгъгæ. Ам равæрдтой селекцийы, мыггæгты куысты, агрохими æмæ хъæууонхæдзарадон техникæйы тæккæ ногдæр æнтыстдзинæдты `вдисæнтæ. Иудзырдæй, аграрон къабазы æппæты хуыздæр цы ис, уыдон фенæн уыд мадзалы. Экспозици йæхи цæстæй федта нæ уацхæссæг Хуасдзауты Алинæ дæр. Бацæттæ нын кодта нæ дарддæры æрмæг. Трактортæ, комбайнтæ æмæ бирæ æндæр мæр цæттæгæнæн техникæ ис ацы равдысты. Се 'ппæтыл цæст æххæсгæ дæр нæ кæны. Равдысты архайджытæй алчидæр архайы, цæмæй йæ продукци уа хæрзхъд æмæ адæмæн пайда хæсса. Фенæн дзы ис куыд ног техникæйы хуызтæ, афтæ хъæууон хæдзарады кусджытæ рагæй кæй зонынц, ахæмтæ дæр. Равдысты фыст æрцыдысты æмгуыстады бадзырдтæ дæр. Уыдонмæ гæсгæ, нæ республикæйы хъæууон хæдзарад ифтонг кæндзысты нырыккон техникæйæ канд быдыртæм зилынмæ нæ, фæлæ фосмæ зилынæн дæр. Зæгъæм, дуцгæ стурвос æнæбастæй кæм дардзысты, ахæм фермæтæ. Фадат сын дæтты æхсыры бæрц бæлвырдæй зонынæн. Уыимæ ма, аппараты бæрæггæнæнтæм гæсгæ кæсынц фосы æнæниздзинадмæ, стæй æнæхъæн рæгъау фосы нымæцмæ дæр. Хъæууон хæдзарадон техникæ æмæ кусæнгæрзтæй уæлдай ма равдысты фенæн уыд нырыккондæр технологитæм гæгæ арæзт хъармуæттæ дæр. Зæгъæм, компани europrogress alania. Сты италиаг компанийы минæвæрттæ. Равдыстмæ чи æрбацыд, уыдон се 'ппæт дæр ссардтой зæрдæмæдзæугæ æмæ хъæугæ продукци. Куыд загътой, афтæмæй нæ республикæйы ахæм ахсджиаг мадзал дыккаг хатт арæзт кæй æрцыд, уый руаджы сæ иннæ регионтæм цæуын нал хъæуы. Равдыст сын фадат радты, хъæууон хæдзарады къабазы ногæй цы ис, уый базонын, стæй сæ куысты гæнæнтæ фæуæрæхдæр кæнын. Нæ республикæйы дзидза æмæ æхсыры куыст чи кæны, стæй ма дзул æмæ дзулладжы хойрæгтæ чи уадзы, уыдон дæр сæ продукци равæрдтой. Равдысты уазджытæ сын скодтой стыр аргъ. Равдыст дыккаг хатт сарæзтой хойраг æмæ хъæууон хæдзарады министрад æмæ равдыстыты æмæ презентацион куысты фонды хъæппæрисæй. Уазиты Хъазыбег куыд зæгъы, афтæмæй фаронимæ абаргæйæ йæ архайджыты æмæ уазджыты нымæц зынгæ фæфылдæр. Равдыст фæнд кæнынц æрвылаз дæр аразын. Уымæн æмæ хъæууон хæдзарады къабазы рæзтмæ хæссы стыр æвæрæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Елхоты сарæхтой Республикон хъæууон хæдзарадон рывдыст «День Поля» зæгъæ

Категория:

Новости и СМИ