Ахсджиаг фарста

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

Республикæйы æххæстгæнæг оргæнтæ æмæ наркотиктæй чи пайда кæны, уыцы рынчын адæмы реабилитацион æхсæнадон иугондты æмгуыстадыл дзырдтой сæрмагонд къамисы æмбырды. Амыдта йæ Битарты Вячеслав. Архайдтой дзы мидхъуыддæгты министрады уæнгтæ, Парламенты депутаттæ, барадхъахъхъæнæн органты, профилон уагдæтты æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Реабилитацион центртимæ æхсæнадон организацитæ куыд кусынц, уый тыххæй радзырдта регионалон æхсæнадон организаци "Здоровая Осетия"-йы разамонæг Дзасохты Таймураз. Æмбырды уыдысты дины кусджытæ дæр. Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчыр Леониды ныхæстæм гæсгæ, наркотиктæ чи уадзы æмæ сæ парахат кæны, уыдоны закъонмæ гæсгæ карздæр æфхæрын хъæуы. Цæгат Ирыстоны муфтий Гуæцæлты Хаджимурат куыд бафиппайдта, афтæмæй, æнæмæнг, хъæуы фæсивæдимæ профилактикон куыст кæнын. Къамисы уæнгтæ ма дзырдтой шофыртæн бардæттæг гæххæттытæ дæтгæйæ, наркотиктæ сбæрæг кæныны анализты тыххæй гæртæмттæ чи исы, уыдонимæ тох кæнын кæй хъæуы, ууыл. Хицæн ныхас уыд наркотиктæ арæнты сæрты ахæссынмæ чи хъавы, уыдонимæ тохыл дæр. Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй наркотикты ныхмæ къамисы куыст æрмæст ныхæстыл хъуамæ ма уа. Битарты Вячеслав бахаста хъæппæрис, наркотикты ныхмæ тох кæныны иумæйаг республикон программæ саразын. мæйы æмгъуыдмæ хъуамæ цæттæ уа. Фыст дзы уыдзысты наркотикты ныхмæ тохгæнæг къамисы уæнгты хæстæ. Радон æмбырдты иу бæрнон адæм дзурдзысты сæ хæстæ куыд æххæст кæнынц æмæ бæлвырд цы хъуыддæгтæ сарæзтой, ууыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Ахсджиаг фарста

Категория:

Новости и СМИ