Республикæйы скъолаты ацыд æппæтуæрæеон фæлварæны цæттæгæнæн хуыз уырыссаг æмæ англисаг æвзæгтæй æмæ
Республикæйы скъолаты ацыд æппæтуæрæеон фæлварæны цæттæгæнæн хуыз уырыссаг æмæ англисаг æвзæгтæй æмæ информатикæйæ. Архайдтой дзы 1300 скъоладзауы. Фæлварæны цæттæгæнæн хуыз арæзт æцуы, цæмæй техникон æгъдауæй къуылыпыдзинæдтæ раиртасой, æркæсой кусæнгæрзтæм, уыдоны хыгъд видеоцæстдарды æмæ бастдзинады кусæнгæрзтæ. Уымæй уæлдай ма æркæсдзысты æдасдзинады домæнтæ æххæстгæнæн гæрзтæм. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, иумæйаг паддзахадон фæлварæны сæйраг къæпхæнмæ ма баззад иу къуыри. Йæ аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй мадзалмæ сты иттæг хорз цæттæ.