Хъаныхъуаты Алинæ сабитæн цæттæ кæны аргъæутты чингуытæ
"Мыстыты уыннаффæ", "Арс æмæ мæлдзгуытæ" æмæ ма ноджы æндæр аргъæуттæ чиныджы фыстæй тагъд фæзындзысты сывæллæтты рæвдауæндæтты. Алы æмбырдгонды дæр 4 аргъауы. Хъæздыг уыдзысты ирд æмæ хъæлдзæг нывтæй. Ахæм лæвар сабитæн кæны Хъаныхъуаты Алинæ. Цы йæ сразæнгард кодта, сабитæн нывтæ кæнынмæ, уыимæ куыд цӕуы йæ чингуытæ рауадзыныл куыст. Ницы басусæг кодта не сфæлдыстадон къордæй. Хъаныхъуаты Алинæ а фæстæг рæстæг рауагъдады арæх уазæг у. Йæ куыстытæм гыццыл ивддзинæдтæ куы бахæссы, уæд та зæрдæргъæвдæй ам æрбалæууы. Ацы хатт дæр та афтæ. Алы лыстæгдзинад дæр бары йæ конд нывтимæ. Цингæнгæйæ иу сыф иннæйы фæдыл фæлдахы, уырнгæ дæр æй нæ кæны, тагъд чингуытæ сабиты къухты кæй уыдзысты. Æвзонг чызг æй æмбары, йæхиуыл бæрнон хæс кæй сæвæрдта. Ныфс æй ис йæ уды хъарм ын сабитæ кæй айсдзысты. Суанг ацы лыстæг хъуыддагæн дæр стыр нысаниуæг ис, зæгъы Алинæ. Аргъауæн эскизтæ ныффыссыны размæ нывгæнæг бафæлвæрдта алыхуызон гæххæтт. Равзæрста дæрзæг хуыз. Уый руаджы нывтæн фæзынд сæхи формæ, сты зæрдæмæдзæугæдæр. Уæвгæ, сыфтæм цы хъайтартæ рахæссы, уыдоныл дæр рагацау бакуыста. Æнкъарæнтæ, гуыры конд, уæлæдарæс æмæ сæ хуыз. Цымыдисаг та уый у, æмæ алы куысты дæр æвдыст цæуынц националон æууæлтæ. "Арс æмæ мæлдзгуытæ", "Мыстыты уынаффæ", "Дзæргъ", "Рувас". Ацы аргъæуттæ Хъаныхъуаты Алинæ райста ирон адæмон сфæлдыстады чынгуытæй. Фæлæ сæ тексттæ уыдзысты цыбырдæр. Алы фарсыл дæр æрмæст 25 дзырды. Уый та цæмæй сабитæн мидис æнцондæр æмбарæн уа. Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ аргъæуттæ дыууæ æвзагыл фыст кæй уыдзысты — ирон æмæ уырыссаг. Мадæлон æвзаг парахат кæнын æмæ йæм сабийæ уарзондзинад гуырын кæнын. Ахæм уыд йæ сæйраг хъуыды Хъаныхъуаты Алинæйæн, сабитæн аргъæутты чингуытæ æмбырд кæнын куы райдыдта, уæд. Фæлæ ацы хъуыды сæххæст кæнын æнцон нæ уыд. Фæстæдæр Алинæ базыдта гранты хуызы æххуысы тыххæй. Бацæттæ кодта проект. Чи йын баххуыс кодта, ахæмтæ дæр разынд. Алинæ рамбылдта сæдæ мин сомы. Цыбыр рæстæгмæ йын бантыст проект сæххæст кæнын. Ныртæккæ ма чингуытæ хъæуы æрмæст ныммыхуыр кæнын. 500 экземпляры Алинæ балæвар кæндзæн республикæйы рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгтæн. Хъæппæрисджын чызг ууыл æрлæууынмæ нæ хъавы. Фидæны ма фæнд кæны аргъæутты бæстæмæ скъолайы кары сывæллæтты арвитын. Калоты Дзерассæ