Уæрæсейы Президент Владимир Путин архайдта адæймаджы бартæ хъахъхъæныны советы æмбырды
Беслæны терракты хъыгдæрд чи баййæфта, уыдонæн æмбæлгæ æххуыс ракæныны тыххæй фарстамæ æркæсдзысты. Уый тыххæй ныфс бавæрдта Уæрæсейы президент Владимир Путин. Архайдта Адæймаджы бартæ хъахъхъæнæн советы сæрмагонд æмбырды. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй Беслæны æвирхъау цаутæ йын йæхи зæрдæ ныр дæр ма риссын кæнынц. Советы дзырддаг сси 2004-æм азы терракты хъыгдæрд чи баййæфта, уыдонæн æмбæлгæ психолон æххуыс кæй нæ кæнынц, уый. Владимир Путин хъуыддагмæ кæй æркæсдзæн, уымæй зæрдæ бавæрдта. Советы æмбырды æрныхас кодтой алыхуызон ахсджиаг фарстатыл. Се`хсæн æнахъом сывæллæттæн æххуыс, тæрхондоны системæ сног кæнын, пластикæй конд дзаумæттæй мауал пайда кæнын æмæ фæсарæнты чи цæры, уыцы уæрæсейæгтæм фæкæсын. Уæрæсейы закъæттæм кæцыдæртæм ивддзинæдтæ баххæсыны хъæппæрис дæр разынд. Зæгъæм, бацæттæ кодтой сæрмагонд доклад дзыллон мадзæлттæ аразыны домæнты тыххæй, сæйрагдæр митингтæ аразыны хъуддагмæ. Æркæсинаг систы, фæстаг рæстæг сæ фылдæр æнæзакъонæй кæй аразынц, уый. Хъуыддаг хорзы ’рдæм аивыны тыххæй, дарддæр ныхас цæудзæн советы уæнгтимæ. Æндæр ахсджиаг фарста ныртæккæ у уæрæсейаг спортсменты уавæр. Уымæ Владимир Путин бабар кодта фылдæр æргом раздахын. Фæстаг цаутæ хынцгæйæ, советы хъæудзæн спорты минæвæртты бартæ дунейы ерысты бахъахъхъæнын. Уæрæсейы президент бахæс кодтой Советы уæнгтæн сæ куыст фæуæрæхдæр кæнын, уыимæ ма Æхсæнадон палатæ æмæ омбудсментимæ æмгуыст кæнын, куыд федералон, афтæ реагионалонтимæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уæрæсейы Президент Владимир Путин архайдта адæймаджы бартæ хъахъхъæныны советы æмбырды
Категория:
Новости и СМИ