Уадзæн пункт «Уæллаг Ларсы» сног кодтой сæрмагонд уæзбарæн пункт

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

Уадзæн пункт «Уæллаг Ларсы» фæзынд сæрмагонд уæзбарæн пункт. Йæ сæйраг нысан уæззæуттæ ласæн хæдтулгæтыл цы æмбæлы, уымæй фылдæр уæз чи ласы, уыцы транспорт сбæрæг кæнын. Бафиппайын хъæуы, уый æмæ кæд уадзæн пункт цалдæр боны кусы, уæддæр ныридæгæн уадзæн пункт «Уæллаг Ларсы» сбæрæг сты закъонхалджытæ. Ома, хæдтулгæйы ласинæгты уæз пъланæйы уæлдай фылдæр у. Ныридæгæн дзы хæдтулгæтæй фæзынд цæндтæ. Бафтаудзыстæм ма уый æмæ 2021 азæй фæстæмæ, ахæм пунктæ фæзындзысты Цæгат Ирыстоны дæр. Сæ сæйраг нысан фæндæгтæ бахъахъхъæнын. Афтæ, нæ фæндæгтæн сæ фылдæр уыдзысты нормативон бæрæггæнæнтæм гæсгæ æмбæлгæ уавæры. Хъуыддаг ууыл у, æмæ республикæйы фæндæгты арæх рацу-бацу кæнынц уæзласæн хæдтулгæтæ. Фылдæр транспорт вæййы, Дзæуджыхъæу Гуырдзыстонимæ цы фæндаг бæтты, уым. Арæнты сæрты чи ахизы, уыцы хæдтулгæты нымæц фæстаг азмæ фæфылдæр 2 хатты. Фæндæгтæ бахъахъхъæнын бантысдзæн национ проект «Безопасные и качественные автомобильные дороги»-йы фæрцы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Уадзæн пункт «Уæллаг Ларсы» сног кодтой сæрмагонд уæзбарæн пункт

Категория:

Новости и СМИ