Лæдзæгæй хорзæх!
Фæлтæрддзинад равдисын бахъуыд республикон чемпионаты бильярдæй архайджыты дæр. Мадзал сарæзтой бильярды федераци æмæ Дзæуджыхъæуы клуб «12 футов». Æххуыс та сын бакодтой нæ республикæйы физкультурæ æмæ спорты министрад. Чемпионаты архайыны бар уыдис, кæй фæндыд, уыдонæн се `ппæтæн дæр. Афтæмæй ерысты сæ тыхтæ фæлвæрдтой 40 спортсмены. Æппæты кæстæрыл цæуы 13 азы, æппæты хистæрыл та 70. Ацы хатт ерыстæ уыдысты "денджызон пирамидæйæ". Турниры хатдзæгтæм гæсгæ, сбæлвырд кодтой 16 хуыздæр спортсмены. Уыдон дарддæр сæ арæхстдзинад равдисдзысты турниры радон къæпхæны, уыдзæн июны. Сæйраг хорзæх у 300 мин сомы. Ацы спортивон хъазтæн бирæ хуызтæ ис. Бильярд уарзджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы хъазты стратегийыл шахмæттæй къаддæр хъуыды кæнын нæ хъæуы. Адæймаг дзы хъуамæ пайда кæна математикæ æмæ геометрийы зонындзинæдтæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Лæдзæгæй хорзæх!
Категория:
Новости и СМИ