«Стъалыджын» фысымуæттæ
Уæрæсейы цы фысымуæттæ ис, уыдонæн нырæй фæстæмæ дæтдзысты «стъалытæ». Ахæм указ бафыста Уæрæсейы президент Владимир Путин. Ног уагæвæрд райдайдзæн кусын къæпхæнгай. 2019-æм азы 1-æм июлæй – сæ агъуыстытæ 50 кæмæн сты, ахæм фысымуæтты, 2020-æм азы 1-æм январæй та – 15 агъуыстæй фылдæр кæм ис, уым. 2021-æм азы 1-æм январæй ног закъон кусдзæн, Уæрæсейы цыдæриддæр фысымуæттæ ис, уыдоны. Туризмыл архайæг куыстуæттæ цы къæпхæныл сты, уый сæхæдæг нысан кодтой. Ныр та, закъон йæ тыхы куы бацæуа, уæд сын æй халыны бар нал уыдзæн. Чи фæзылынджын уа, уыдоны кæндзысты ивар. Йæ нымæц у 30-æй 50-ай минмæ ввахс. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
«Стъалыджын» фысымуæттæ
Категория:
Новости и СМИ