Донарæхæй - æнæдон!
Доны хæтæлтæ ис, дон та нæй. Ольгинскæйы цæрджытæ фылдæр æрдзимæ тох кæнынц, æви сæ хъысмæтимæ, уый бæрæг нал ис. Адæм нуазыны донæй цух æййафынц. Доны хæтæлтæ хъæуы нал бæззынц, базæронд сты, кæмдæрты та дзы змис æмæ æндæр хауæццæгтæ ныффидар сты. Сæрдыгон рæстæг цæрджытæм сæ хъæу фæкæсы Африкæйы æнæдон быдыры хуызæн. Арвыл мигъы цъупп куы фенынц, уæд та йæм стырæй-чысылæй бакувынц, иу æртах дзы уæддæр куы `рхауид, зæгъгæ. Афтæмæй къæвдатæм бæллгæйæ цæрынц. Не сфæлдыстадон къорд цæрджыты бабæрæг кодта. Цы федтой, уый сæхæдæг радзурдзысты. Ольгинскæйы хъæуы доны хъуыддаг бæллиццаг нæу, уыимæ ма кæддæриддæр уыд ахсджиаг. Хъæуы ацæргæ адæм доны хæтæлтæ фæстаг хатт ивд кæд уыдысты, уыд хъуыды дæр нал кæнынц. Цæрджытæн сæ фылдæр хай Дзæуджыхъæумæ фæндаг ныннадтой, æрвылбон уырдæгæй дон ласгæйæ æрвитынц сæ бон.Æндæр гæнæн нæй. Фидараты Фатимæ хъаст кæны, хæдзары дон дзыр-дзырæй нæ, фæлæ куыд не мбæлы, афтæ кæй кæд калд, уый. Уæлæдпарæс, хуссæнгæрзтæ æппынæдзух хъæуы æхсын æмæ æнхъæвзын къухтæй, æхсæн машинæтæн дзы дон фаг нæй. Уæдæ Фатимæмæ дæр уыйбæрц хъару нал ис. Хъыгаггæн, цæхæрадоны зайæгойтыл дæр дон ныппырх кæнын уавæртæ нæ амонынц. Фарон фæззæджы Рахизфарсы районы администрацийы бафыстой доны фарста алыг кæныны тыххæй бадзырд. Куыстытæн радих кодтой 94 милуан сомы. Уæдæй-фæстæмæ цалцæггæнæн куыстытæ иу уысммæ дæр не`рæнцадысты. Мæйы кæронмæ 250 хæдзары дон кæлдзæн куыд æмбæлы афтæ. Фæлæ уæддæр куыстытæ нырма бирæ сты. Цалцæггæнæн куыстытæ кæнынц нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты,ахæм технологитæм гæсгæ. Уæдæ æрмæджытæ дæр афтæ. Аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй бирæ рæстæг кусдзысты. Фæлæ сæ куы фæуой, уæд бирæ азты дæргъы цæрджыты доны хæтæлтæ баивыны мæт нæ уыдзæн. Хæтæлтæ сты полиэтиленæй, уый та æхæм фидар у æмæ бирæ азты фæлæуудзæн. Ныры дуджы ахæм æрмæгæн æмбал нæй. Ольгинскæйы 3 мин адæймагæй фылдæр цæры. Фæлæ сæ æрмæст цæрæн бынат нæ кæны иу, ис сæм иумæйаг бæллиц. Иууылдæр зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсынц сæ хæдзæртты дон куыд æмбæлы афтæ, кæд рацæудзæн уыцы амондджын бонмæ. Æппæт хъæубæстæйæн дæр уыдзæн бæрæгбон. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Донарæхæй - æнæдон!
Категория:
Новости и СМИ