Цæгат Ирыстоны ацыд Æппæтдунеон æркасты регионалон къæпхæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 просмотров

4 года назад

Рæзгæ фæлтæрæн литературæ бауарзын кæнын. Се сфæлдыстадон гæнæнтæ сын уæрæх кæнын. Дæс азæй фылдæр ахæм ахсджиаг нысанимæ цæуы æркаст «Живая классика», зæгъгæ. Йæ регионалон къæпхæн кæронмæ æрхæццæ Цæгат Ирыстоны дæр. Сывæллæттæ бакастысты уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг фысджыты уацмыстæй скъуыддзæгтæ. Фыццаг бынат бацахста Дыгуры районы сывæллæтты сфæлдыстадон хæдзары хъомылгæнинаг Елойты Дианæ. Сценæйæ хъуысы адæймаджы хæлардзинадыл фыст уацмыс. Аив кæсыны æркастмæ Дзæрæсаты Камиллæ бацæттæ кодта скъуыддзаг радзырд «Машенька»-йæ. Сывæллæттæ æппæт дæр архайынц, цæмæй авторы æнкъарæнтæ аивадуарзджытæн бамбарын кæной. Æппæтадæмон æркаст «Живая классика», зæгъгæ, баиу кодта дунейы алы къуымтæй æрыгон курдиæттæ. Йæ архайджытæ æрвылаз бавæййынц æртæ милуанмæ хæстæг. 80 бæстæйæ, Уæрæсейы 85 регионæй. Ныртæккæ республикон къæпхæны сæ тыхтæ фæлварынц 29 адæймаджы. 5-æмæй 11-æм къласы онг скъоладзаутæ. Ам сæйрагдæр у, цæмæй курдиат агайа зæрдæйы тæгтæ. Æркасты сæйраг нысан у - сывæллæтты литературæмæ, стæй Уæрæсейы æмæ фæсарæйнаг фысджыты прозаикон уацмыстæм сцымыдис кæнын. Уымæй уæлдай, сабиты сфæлдыстадон хъуыдыкæнынадыл бакусын. Регионалон къæпхæны уæлахиздзаутæ бацархайдзысты финалы Мæскуыйы. Уым чи фæуæлахиз уа, уыдон абалц кæндзысты Артекмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv