РЦИ-Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеслав фембæлд Дыгуры районы цæрджытимæ
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав дарддæр æмбæлы республикæйы цæрджытимæ. Ацы хатт уыди Дыгуры районы. Сæ фæрстытæ раттынмæ æрбацыдысты Дур-Дуры цæрджытæ. Комкоммæ аныхас кæнынмæ фылдæр цыдысты, адæмы тынгдæр цы тыхсын кæны, уыцы хъуыддæгтимæ. О, æз мæхæдæг дæр уыдтæн уым æмæ йæ базыдтон районы цæрджытæ цæмæй тыхсынц, уый. Æмæ цавæр фæрстытæ сæм сæвзæрд? Сæ фылдæр баст уыдысты социалон уавæримæ. Фæндæгтæ пырхытæ, уынгты рухс нæй, æххуыс кæй хъæуы, ахæм бинонтæм дæр фæкæсæг нæй æмæ афтæ дарддæр. Уыцы æппæт фарстатæн дзуапп лæвæрдтой бæрнон кусджытæ - республикон министрадтæ æмæ кусæндæтты разамынджытæ. Хи цардимæ баст курдиæттæ дæр Дыгуры районы цæрджытæ Битарты Вячеславы размæ рахастой. Куыд ахицæн фембæлд æмæ цавæр аиппытæ иуварсгонд æрцыдысты, уый тыххæй бæлвырддæр. Дур-Дуры культурæйы галуаны ивгъуыд изæр къахбавæрæн дæр нæ уыд. Нæ республикæйы сæргълæууæгмæ фæрстытæ раттынмæ æрбамбырд сты сæдæ адæймагæй фылдæр. Фембæлды архайдтой Цæгат Ирыстоны министрадты минæвæрттæ æмæ бæрнон кусджытæ. Адæммæ бирæ фарстатæ разынд. Ахсджиагдæртæй иу - хъæуты кусæн бынæттæ, фæндæгты æвзæр уавæр æмæ фæсивæдæн хи ирхфсæн гæнæнты кадавардзинад. Бирæты тыхсын кæны 1-æм скъолайы фарста, у цалцæггæнинаг. Нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министры хæдивæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй 2020 азмæ , гæнæн ис, æмæ йæ бахæсдзысты федералон программæмæ. Бынæттон цæрджытæ ма балæгътæ кодтой, Дур-Дур Сырх Дыгуримæ цы фæндаг бæдты, уымæ базилын. Зын уадздзаг у, æмæ ма дзы дзыхъхъытæ дæр къуылымпытæ æвзæрын кæнынц . Уæдæ ныййарджытæ чысыл сабитимæ кæм тезгъо кæной, ахæм бынат дæр Дур-Дуры.Тепсыхъоты Аленæ бахатыд нæ республикæйы сæргълæууæгмæ, цæмæй ацы фарстамæ се ‘ргом раздахой. Битарты Вячеславы дзуапп хъæуы цæрджыты зæрдæтæ барухс кодта. Тагъд рæстæг йæхи хардзæй Дур-Дуры фæзындзæн сывæллæттæн хъазæн фæз. Бахаста ма фæндон сквер саив кæныны тыххæй дæр. Хъæуы кæцыдæр цæрджыты риссагдæр фарстаты ‘хсæн уыд- доны фарста. Кæд æмæ дондзæуæн системæ зæронд нæу, æмæ йæ сног кæныныл цалдæр азы размæ бæстонæй бакуыстой, уæддæр 16 хæдзармæ дон куыд æмбæлы, афтæ нæ кæлы. Битарты Вячеслав хъæуы администрацийы сæргълæууæг æмæ цæрæнуæтты, коммуналон хæдзарады министрадæн бабар кодта ацы фарстамæ æркæсын. Хъæуы цæрджытæ ма тыхсынц, рæзгæ фæлтæрæн спортæй архайынæн æмбæлгæ уавæртæ кæй нæй, уымæй. Ис сæм футболы æмæ армрестлингы секцитæ. Фæлæ ма фæсивæды фæнды сæхи фæлварын уæгъдибар хъæбысхæстæй æмæ боксæй. Алкæмæн районы центрмæ, кæнæ горæтмæ цæуыны фадат нæ вæййы. Битарты Вячеслав бабар кодта, снысан кæнын тренерты æмæ сын мызд куыд æмбæлы афтæ фидын. Хъæуы иу цæрæджы та тыхсын кæны йæ зæххы фарста. Куыд зæгъы, афтæмæй хи хъарутæй æмæ фыдæбонæй самадта фермæ. Æнтыстджынæй кусы, фæлæ дзы бардæттæг къуылымпыдзинæдтæ ис. Битарты Вячеслав загъта ацы хъуыддагмæ йæхæдæг кæй æркæсдзæн, стæй кусынхъом адæмæн æххуыс алкæддæр кæй уыдзæн. Æмбырды кæронбæттæны Битарты Вячеслав фембæлдæн скодта хатдзæг. Уый фæстæ ма, адæм нæ республикæйы сæргълæууæгимæ хи фарстаты фæдыл ныхас кодтой. Районы цæрджытæ бузныг уыдысты, сæ рисссагдæр фарстатæм æргом кæй здахынц, уымæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
РЦИ-Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеслав фембæлд Дыгуры районы цæрджытимæ
Категория:
Новости и СМИ