Дзæуджыхъæуы райдыдта æрыгон сабырдзинадтауджыты, 7-æм æппæтадæмон Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады æмб
Абон Дзæуджыхъæуы райдыдта æрыгон сабырдзинадтауджыты, 7-æм æппæтадæмон Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады æмбырд. Уазджытæ сты Мæскуы, Курск, Белоруссии æмæ Железноводскæй. Цæгат Ирыстоны уыдзысты 3 боны. Мадзал сбастой Сабырдзинады æппæтадæмон бонимæ. Алы аз æй бæрæг кæнынц 21 сентябры, фæлæ йæ бæрæг кæнын райдайынц гыццыл раздæр. Абон æмбырды архайджытæ абалц кодтой «Зæдты горæт»-мæ. Уым æрымысыдысты терористты амæттæгты нæмттæ, минут æдзæмæй алæуугæйæ. Уый фæстæ абалц кодтой Беслæны спортивон залмæ, бахастой дидинджытæ. Фыццаг боны ма фембæлдысты 1-æм скъолайы ахуырдзаутимæ. Æмбырды архайджытæ сарæзтой презентаци «Дети России против терроризма». Сабырдзинадтауджытæ æмбырды фæлгæты дарддæр архайдзысты алыхуызон мадзæлтты. Зæгъгæм, абалц кæндзысты Нары хъæумæ. Фæстаг бон та «Венок мира», зæгъгæ дидинджыты баст ауадзысты Терчы цæугæдоны. Ардæм куы æрбацыдтæн, уæд мæхи афтæ æвзæр æнкъардтон æмæ тарстæн ахауынæй. Уымæн æмæ уал азы фæстæ, фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ, уымæн куыд ис гæнæн æмæ ахæм сырдтæ зæххы цъарыл баззайой. Тугдзыхтæ лæгсырдтæ ахæм æбуалгъ ми сарæзтой, мæ адæймаджы уырнгæ дæр нæ кæны. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы райдыдта æрыгон сабырдзинадтауджыты, 7-æм æппæтадæмон Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады æмб
Категория:
Новости и СМИ