Афæдзы кæронмæ Цæгат Ирыстоны баиу кæндзысты хъармдæттæг организациты исбонад

Афæдзы кæронмæ Цæгат Ирыстоны баиу кæндзысты хъармдæттæг организациты исбонад. Райрæзты пъланыл кусæг фембæлды рæстæг ныхас кодтой республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ æннæхæст бæрнонзинадимæ организаци «Газпром межрегионгаз»-ы газ ласыны фæдыл генералон директоры хæдивæг Юрий Пахомовскийимæ. Фембæлды ма архайдта «Газпром межрегионгаз Владикавказ»-ы генералон директор Козаты Алан. Æмбырды архайджытæ куыд фæнысан кодтой, афтæмæй баиу кæндзысты Паддзахадон унитарон куыстуаттæ: «Дзæуджыхъæуы хъармдæттæг хызтæ», "Мæздæджы хъармдæттæг хызтæ", "Рахизфарсы хъармдæттæг хызтæ", «Коммунресурсы», «Æрæфы районы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад», «Дигорайы хъармдæттæг хызтæ» æмæ «Алагиры хъармдæттæг хызтæ».Цæгат Ирыстоны хицауадæн бабар кодтой регионы хъармдæттæг организацитæн газæй æфстæуттæ æххæст кæныны фæтк снысан кæнын. Кусæг фембæлды рæстæг ма ныхас цыд республикæйы æмæ дзуапдæттæг куыстуаты 'хсæн æмгуыстады фарстатыл.

Иконка канала IRYSTONTV
1 465 подписчиков
12+
27 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии