«Авторадио» йы делегаци 17 æм хатт бабæрæг кодта Беслæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 лет назад

«Авторадио»-йы делегаци радон хатт ссыд Беслæнмæ. 17 азы дæргъы, алы аз дæр æрымысынц 1-æм скъолайы теракты амæттæгты. Ныр дæр сæ балц райдытой Зæдты сахарæй. Дарддæр архайдтой пресс-конференцийы. Бацæттæ кодтой хæрзаудæн концерт. Зындгонд артисттæ æмæ «Авторадио»-йы кусджытæ ногæй сты Беслæны. Ирыстонмæ фыццаг хатт ссыдысты 2004-æм азы. Уæд расидтысты хæдтулгæты дугъ «Ради жизни». Уазджытæ фыццаджыдæр бабæрæг кодтой Зæдты сахар. Æрымысыдысты, теракты чи бацарæфтыд, уыдоны нæмттæ. Хъыджы бæласы цур сæвæрдтой дидинджытæ. Беслæны цæрджытæн азарыдысты Лев Лещенко æмæ Сергей Галанин. Концерт та амыдта Алексей Лысенков. «Газпром-медиа» радиойы разамонæг Юрий Костин куыд загъта, афтæмæй сын Беслæн сси, хи хæдзарау, уарзон. Алы адæймагæн дæр йæ хæс — 2004-æм азы æвирхъау цау ма ферох кæнын. Делегаци бабæрæг кодта «Авторадио»-йы сквер дæр. Ам терракты аз ныссагътой бæрзбæлæстæ. Се 'хсæн - зæрдылдарæн конструкци чиныджы хуызы. Беслæны цæрджытæн дзы ныстуан фыст, афтæмæй. Уæрæсейы æмæ æндæр бæстæты 70 сахары цæрджыты номæй. Уæдæ Беслæны 1-æм скъолайы кæрты цы аргъуан ис, уый арæзтадмæ дæр «Авторадио»-йы разамынд йе 'вæрæн бахаста. Музыкант Сергей Галанин Ирыстоны ис фыццаг хатт. Беслæны цæрджыты зæрдæтæ бахъæлдзæг кæнын нымайы ахсджиаг хъуыддагыл. Концертмæ æрмæст Беслæны цæрджытæ не 'нхъæлмæ кастысты. «Авторадио»-йы делегаци Беслæнмæ æрцыд ныр 17-æм хатт. Æмæ кæд алы аз дæр ног æмæ æндæр артисттимæ æрцæуынц, уæддæр сæ нысан кæддæриддæр у иу — Беслæны теракты амæттæгты æрымысын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv