Æрыдоны районы сæргълæууæг сбæрæг кодта муниципалон сконды ахсджиаг социалон объектты арæзтад

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Æрыдоны районы сæргълæууæг Тотраты Владислав сбæрæг кодта муниципалон сконды ахсджиаг социалон объекттæ цы уавæры сты, уый. Æппынæдзух районы сæргълæууæг æмбæлы цæрджытимæ æмæ сын сæ риссагдæр фарстатæм йæ хъус æрдары. Зæгъæм, Къостайы хъæуы скъолайы цы уæлæмхасæн бæстыхай ис, уый заууат уавæрмæ æрцыд, 4 азы дæргъы йæм фæкæсæг нæй. Ахуырад кæй къуылымпы кæны уый иу хъуыддаг у, фæлæ ма дзы тæссаг у сывæллæтты æдасдзинадæн. Уавæр хорзы`рдæм аивыны тыххæй ныфс бавæрдта Тотраты Владислав. Куыд фехъусын кодта, афтæмæй скъолайы бæстыхайæн ныртæккæ цæттæ у йæ проектон сметæ, ацыд экспетизæ дæр. Ныр æй бахæсдзысты федералон программæмæ. Ахæм уавæры ис сывæллæтты рæвдауæндон дæр. Бæстыхай у ныккæлыны`ввонг, йæ коммуникацитæ заууатмæ`рцыдысты. Уый дæр хъавынц федералон программæйы хыгъдмæ бахæссын. Уæдмæ уал рæвдауæндонмæ сæхи хъарутæй зилынц. Æмæ ма кæд уыцы социалон объекттæ банывыл кæнæн ис, уæд бынæттон фелшырон-акушерон пункты рацарæзтæн фылдæр авналæнтæ хъæуы. Ацы аз Къостайыхъæуы фæнд кæнынц уынгтæм бæстонæй базилын. Сæйраг уынджы раивдзыстæ къахвæндæгтæ, рæвдауæндон æмæ скъолайы уыл банывыл кæндзысты сæ бахизæнтæ. Уæлдай æргом здахынц республикæйы сæргълæууæджы хæслæвæрдтæ сæххæст кæнынмæ. Цæрджытимæ фембæлды рæстæг Битарты Вячеслав бабар кодта зæххы фарста аиуварс кæнын. Ныртæккæ хъæуы сарæзтой ног кооператив, йе`скоды 170 адæймаджы, афтæмæй. Ацы мæй сын рахай кæндзысты зæхы хæйттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Æрыдоны районы сæргълæууæг сбæрæг кодта муниципалон сконды ахсджиаг социалон объектты арæзтад

Категория:

Новости и СМИ