Цæгат Ирыстоны 2020 азы байгом кæндзысты æппæты стырдæр скъола

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

7 лет назад

Цæгат Ирыстоны 2020 азы байгом кæндзысты æппæты стырдæр скъола. Ахуыр кæныны фадат дзы уыдзæн 1 мин æмæ 100 скъоладзауæн. Нæ бæстæйы рухстауæны министр Сергей Кравцов бæстыхай федта йæхæдæг, Цæгат Ирыстоны кусæн балцы рæстæг куы уыд, уæд. Ахуыргæнæнгдон у 3 уæладзыгон. Уыдзæн дзы 2 спортивон залы. Актон залы та уыдзæн 500 бадæн бынаты. Скъолайы уыдзæн стыр хæрæндон. Национ проект «Образование»-йы фæлгæты ма дзы сараздзысты нымæцон ахуырады клуб «IT-куб». Уымæй уæлдай ма дзы уыдзæн столярон æмæ хуыйæн æрмадзтæ. Скъолайы алфамблай уыдзæн фæлладуадзæн æмæ сывæллæттæ ирхæфсæн бынат дæр. Сараздзысты ма дзы згъорæн фæндаг дæр, баскетболон быдыр æмæ теннисæй хъазынæн корт. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм скъола амайынц Дзæуджыхъæуы 19-æм микрорайоны. Сергей Кравцовы ныхæстæм гæсгæ, проект у хорз. Физикон цæттæдзинадыл дзы кæй кусдзысты, уый хорзырдæм бæрæг дардзæн сывæллæттæн се `нæниздзинадыл. Нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав куыд фæнысан кодта, афтæмæй ног скъола хорз ахъаз фæуыдзæн ахæм ног микрорайоны райрæзтыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны 2020 азы байгом кæндзысты æппæты стырдæр скъола

Категория:

Новости и СМИ