Раст пайда кæнын

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

Цæгат Ирыстоны зæххытæ хаццоны куыд зын у райсын æмæ сæ цы фæткмæ гæсгæ дæттынц, уый тыххæй ныхас кодтой ведомствæты къорды `хсæн æмбырды. Амыдта йæ Сæбæтхъуаты Æхсарбег. Дзырдтой республикæйы зæххы ахастдзинæдты къабазы æххæстгæнæн хицауады æмæ бынæттон хиуынаффæйады органты куысты тыххæй. Æмбырды архайджытæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй хъæуты цæрджытæ арæх фæхъаст кæнынц, сæ фосæн хизæн фæзтæ кæй нæ фаг кæны, уымæй. Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ фембæлдтыты рæстæг дæр арæх сисынц ацы фарста. Ведомствæты æхсæн къорд хъуамæ æркæса бирæ фарстатæм. Сæбæтхъуаты Æхсарбег куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй фыццаджыдæр хъæуы зæххы кадастрон аргъ æмæ сæ нысаниуæг раст сбæрæг кæнын. Ивгъуыд аз агропромышленнон къабазы инфестицион проекттæ саразынæн Æрыдоны районы радих кодтой сæрмагонд фæзуæттæ. Вице-премьер куыд бафиппайдта, афтæмæй ацы аз апрелы лæмбынæг æркæсдзысты уыцы зæххытæй раст пайда кæнынц, æви нæ, уымæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Раст пайда кæнын

Категория:

Новости и СМИ