Тæссаг хауæддзæгтæ
Æнæниздзинадæн тæссаг цы хауæдздзæгтæ сты, уыдон куыд æппаргæ сты, уый бирæ адæм зонгæ дæр нæ кæнынц. Зæгъæм электрон тых фæстауæрцгæнæн цырæгътæ хуымæтæджы аппарæн нæй. Цæгат Ирыстоны ис æрмæстдæр иу куыстуат, фыццаг æмæ дыккаг къласы тæссагдзинады хауæдздзæгтыл куыд æмбæлы, афтæ чи бакусы ахæм. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ радон балц акодтой куыстуатмæ, æмæ сбæрæг кодтой сæ куысты фæтк. «Эко Дом» æрвылаз утилизаци кæны джынасуйæ конд цалдæр мин лампæйы. Куыстуаты хицау Дмитрий Чекусов нын æвдисы, куыст цы хуызы цæуы уый. Цалдæр арæхстджын змæлды æмæ электрон тых бирæ чи нæ хардз кæны, ахæм лампæтæ дихгонд æрцæуынц компоненттыл. Уыдоныл та фæстæдæр ног бакусдзысты. Куыстуат йæ характеристикæмæ гæсгæ цымыдисаг у, нымад у нæ республикæйы æмбал кæмæн нæй, ахæмыл. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ, сбæлырд кодтой «Эко Дом»-ы куыт куыд цæуы, уый, æмæ æрцыдысты хатдзæгмæ: нырыккон домæнтæн дзуапп дæтты. Фæлæ хауæддзæгтæ куыд æмыбырдгонд цæуынц, умæй бынтон разыйæ нæ баззадысты. Уæрæсейы президенты майы указмæ гæсгæ, фыццаг æмæм дыккаг къласы тæссагдзинады хауæддзæгтæ хъæуы æмбæлгæ хуызы бакусын. Цæгат Ирыстоны æлектрон тых фæстауæрцгæнæн цырæгъты кусыт æртæккæ у нывыл. Фæлæ сæ хауæддзæгты æмбырдгæнæн куыст кæд банывыл кæндзысты, уый бæрæг нæу. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Тæссаг хауæддзæгтæ
Категория:
Новости и СМИ