Фæсивæдон Советы æмбырд уыд Дзæуджыхъæуы
Фæсивæдон Советы æмбырд уыд Дзæуджыхъæуы. Амыдта йæ горæты администрацийы фæсивæдон политикæ, физикон культурæ æмæ спорты комитеты разамонæг Фидараты Аслан. Фæсивæдон советы архайынц горæты спортивон скъолаты разамонджытæ, фæсивæдон парламенты депутаттæ æмæ спорты министрады уæнгтæ. Архайджытæ ныхасы рæстæг фæнысан кодтой сæ хъуыдытæ, уыимæ бакуыстой ацы азы мадзæлтты сæйраг пъланыл. Афтæмæй, 2020-æм азы олимпаг спорты хъæзтытимæ баст ерыстæ фæфылдæр уыдзысты. Ныхас кодтой нæ бæстæйы Уæлахизы 75 азы бонимæ баст кадджын мадзæлтты тыххæй дæр. Сæрмагондæй патриотон хъомыладыл цы архайд цæуы æмæ ма цавæр уæлæмхасæн куыст аразын хъæуы, ууыл. Фæсивæды уæнгтæ æмбæлдзысты ветерантимæ. Уый фæлгæты кусдзæн сæрмагонд комитет, спортивон æмæ культурон мадзæлттæ чи бæрæг к æндзæн, ахæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фæсивæдон Советы æмбырд уыд Дзæуджыхъæуы
Категория:
Новости и СМИ