Беслæны аразынц, зæххæнкъуыстæн чи быхсдзæн, æхæм рæвдауæндон

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

Сывæллæтты æдасдзинад æппынæдзух хъуамæ уа хистæрты мæт. Уæлдайдæр та, æнахъом сабиты кой куы кæнæм, уæд. Ууыл хъуыдыгæнгæйæ, зæгъæм, рæвдауæндæттæ райдыдтой ног технологитæм гæсгæ аразын. Бæстыхæйттæн тас нæ уыдзысты нæдæр ныллæг температурæтæ, нæдæр 8 баллы онг зæххæнкъуыстытæ. Хъыгагæн, нæ республикæ ис Зæххы къорийы ахæм ран, æмæ уыцы æрдзон фыдбылызæй хызт не стæм. Кæд нæ хъысмæт афтæ рауад, уæд нæ сабиты хъахъхъæнын дæр нæхимæ кæсы. Цавæр бæстыхæйттæм цæудзысты сывæллæттæ, уыдонæй иу бабæрæг кодтой нæ уацхæсджытæ. Уазæлттæ æмæ мит аразджыты нæ тæрсын кæнынц. Ног технологитæй кæй кусынц, уый сын бар дæтты æхсæвæй-бонæй фæллой кæнынæн. Арæзтадон змæстмæ хæссынц, ныллæг температурæйæн чи быхсы, ахæм æфтуантæ. Æртæ мæймæ конд фесты сæйрагдæр куыстытæ. 40 адæймаджы кусынц ахадгæ объектыл. Беслæны аразынц рæвдауæндон. Уæрæх агъуыстытæ, фæтæн рудзгуытæ æмæ стыр хъазæн фæзтæ. Сцæттæ уыдзæн афæдзы кæрон. Уый фенцондæр кæндзæн цæрджыты уавæр. Рагæй йæм æнхъæлмæ кастысты. Уымæн æмæ ацы районы цæрджытæ сæ сывæллæтты ластой горæты иннæ хаймæ. Ног арæзт объекты бынат уыдзæн 120 сабийæн. Ноджыдæр ма иу рæвдауæндон та аразынц горæты астæу.  Кусынц сыл сæрмагонд федералон программæмæ гæсгæ: быхсдзысты зæххæнкъуысты 8 баллæн. Ноджыдæр ма дыууæ рæвдауæндоны ацы аз кусын райдайдзысты Алагиры æмæ Æрæфы районты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Беслæны аразынц, зæххæнкъуыстæн чи быхсдзæн, æхæм рæвдауæндон

Категория:

Новости и СМИ