Сывæллæттæн - ног рæвдауæндон

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

Рады сывæллæтты рæвдауæндæтты бынæттæм чи лæууыд, уыдоны нымæц фæкъаддæр. Дзæуджыхъæуы кадджын уавæры байгом 60 сывæллонæн рæвдауæндон. Сарæзтой йæ 29-æм скъолайы бындурыл. Ног хуыссæнуæттæ, ахуыртæн кабинеттæ, хæрæндон æмæ найæн уæттæй разы сты хъомылгæнджытæ æмæ ныййарджытæ. Сывæллæттимæ кусдзысты нырыккон программæмæ гæсгæ. Стыр æргом здæхт цæудзæн сабиты сфæлдыстадон райрæзтмæ. Ацы хъуыддаджы ма ис иу æвæрццæг фарс - адæмæн дзы фæзынд куысты бынæттæ. Цавæр у ног бæстыхай æмæ йæ куыд байгом кодтой, уый федта не сфæлдыстадон къорд. Ног рæвдауæндон байгом кæныны хъусынгæнинаг кæд бирæтæ сæ зæрдæмæ нæ айсынц, уæд гыццыл сывæллæтты ныййарджытæн та ацы хъуыддаг æппæты вазыгджын у. Ныййарджыты фæстæ нæ чысыл хуртæм сывæллæтты рæвдауæндæтты вæййы цæстуарзон хъусдард. Æмæ сын тынг æхсызгон у, фæстаг азты нæ республикæйы сæ нымæц кæй фылдæр кæны, уый. 3 азæй 4 азы онг кæуыл цæуы, уыцы сывæллæттæн ам сарæзтой 2 къорды. Уæдæ кусджытæ дæр цæттæ - ирон æвзаджы, музыкæйы æмæ физикультурæйы ахуыргæнджытæ, хъомылгæнинæгтæ æмæ сывæллонгæстæ. Къордты агъуыстытæ - куыд æмбæлы, ахæмтæ. Ифтонг сты хъæугæ кусæнгæрзтæ æмæ дзаумæттæй. Рæвдауæндæттæм рады лæууыны фарста абоны бон дæр ма ахсджиаг у. Бынатмæ фылдæр æнхъæлмæ кæсынц 3 азæй 7-мæ кæуыл цæуы, ахæм сывæллæттæ. Уæвгæ сæ нымæц дыууæ хатты фæкъаддæр. Сты ма 700-йы бæрц. Ныййарджытæ `нхъæлмæ кæсынц, сæ кæстæртæн бынæттæ скодтой, зæгъгæ, циндзинадæй кæд фæхайджын уыдзысты, уымæ. Æлбегаты Барис куыд загъта, афтæмæй хæстæгдæр 2 азы алы сывæллонæн дæр скæндзысты бынат. Рæвдауæндæттæн кæддæриддæр бацагурынц ног бæстыхæйттæ. Ацы хатт æй ссардтой 4 мæйы размæ. Бахизæны сфидар кодтой кулдуар, йæ фарсмæ та сывæллæттæн хъазæн фæз. Иу къуырийы фæстæ ма ног рæвдауæндоныл бацин кæндзысты Заводы поселочы. Пелиты Сабинæ, Виктория Басгаддзе, Цорæты Чермен, Ирыстоны хабæрттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Сывæллæттæн - ног рæвдауæндон

Категория:

Новости и СМИ