Артемий Лебедев загъта афтæ: Æгъгъæд у Беслæны тыххæй адæмæн дзурын. Хъæуы йæ ферох кæнын
Туристон бренд, логотип, айдентикæ, зæгъгæ. Æрæджы дæр ма ацы дзырдтимæ кæронмæ зонгæ нæ уыдысты адæм. Ныр Цæгат Ирыстоны туризмæн ис фидаргонд нысан. Æрхъуыды йæ кодта Уæрæсейы зындгонд дизайнер Артемий Лебедев. Ирд хуызтæ æмæ ахорæнтæ, ахæм хуызы йæ базыдта нæ республикæ. Уый тыххæй ма йæ ам дæр суазæг кодтой. Цы æрымысыд æмæ йæ куыстæй цы рауад, уый мæнæ уынут. Ацы нывтæ иу рæстæг дзырддаг уыдысты. Бирæтæ сæ разы нæ уыдысты, ома, дам, ахæм ныв Цæгат Ирыстоны авналæнтæ æппындæр не’ вдисы. Туристон бренд снысан кодтой æмæ дзы ныр пайда кæнынц. Уыцы уæрæсейаг дизайнеры фарс уæды рæстæг бирæтæ куыд нæ рахæцыдысты, ныр дæр афтæ. Фæлæ ацы хатт ныхас æндæрыл у. Артемий Лебедев, ныр сси блогер дæр. Æмæ ахæм дæсныйадыл хæст адæмæн куыд æмбæлы, афтæ ныхас кæны боны иформацион хъæздыг æвæрæнтыл. Йæхи цæстæнгас адæмы рæгъмæ хæссы. Йæ иу рауагъды дзырдта Беслæны терракты тыххæй. Бæлвырддæр дзургæйæ та ацы аз зындгонд журналисттæ цы кинонывтæ систой, уыдоны тыххæй. Уый фæлгæты, Артемий Лебедев загъта афтæ: Æгъгъæд у Беслæны тыххæй адæмæн дзурын. Хъæуы йæ ферох кæнын. Дзуры йæ карзæй æмæ æвзæр ныхæстимæ. Уый тыххæй уын йæ ныхасæй скъуыддзаг равдисын дæр нæ бон нæу. Социалон хызты уый уайтагъд дзырддаг сси. Пайдагæнджытæй сæ фылдæр йæ ныхмæ слæууыдысты. Уæдæ æхсæнадон организацитæ дæр фæстейæ нæ баззадысты. Дзæуджыхъæуы сылгоймæгты Совет бахатыд, ацы хъуыддаджы фæдыл æхсæнадмæ. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, раст нæу Уæрæсейаг дизайнер Артемий Лебедев Беслæны Мадæлты комитеты ныхмæ кæй дзуры, уый. Сæ курдиаты фыст ис, Беслæны терракты хъыгдæрд чи баййæфта, уыдоны ныййарджытæ 15 азы дæргъы æнæрынцайгæйæ сæ бартæ бахъахъхъæныныл архайынц. Махæн нæ хæс у, сæ фарс рахæцын. Уæлдай дæр та, æнхъæл кæцæй нæ дæ, уырдыгæй зындзинад куы фæзына, уæд. Артемий Лебедев уыди нæ республикæйы уазæгуаты, адæмимæ ныхас кодта, уыди Зæдты сахары дæр. Уыцы зындзинад æцæгæлон адæймаг зæрдæйæ банкъардта æви нæ, уый зын зæгъæн у. Фæлæ ныр куыд æмбарæм, афтæмæй æппындæр нæ. Сылгоймæгты Советы сæрдар Дзахаты Ларисæйы ныхæстæм гæсгæ, ахæм митæ æфхæрдыл нымайын хъæуы. Абон йемæ аныхас кодтам. Цы нын радзырдата бæлвырддæрæй, уымæ ма байхъусут. Дзахаты Ларисæ куыд фæнысан кодта, афтæмæй ацы хъуыддагыл хъæуы бæстонæй бакусын. Фидæныл куыд фæбæрæг уызæн, уымæ дæр хъус æрдарын хъæуы. Ацы курдиат цæмæ расайдзæн, уый нырма бæлвырдгæнинаг у. Æцæгæй дæр ахæм ахджиаг хъуыддаджы туристон бренд æндæрыл баивæн ис, æви нæй, уый та зын зæгъæн у. Афтæ хъуды кæны Туризмы комитеты сæрдар Хъодзаты Зауырбег дæр. Йемæ абон ныхас кодтам телефонæй. Куыд нын фæнысан кодта, афтæмæй ныртæккæ туристон бренд сног кæныны тыххæй дзурынмæ комитеты цæттæ не*сты. Уыимæ загъта, Уæрæсейаг дизайнеры хъуыдытæ раст кæй не*сты. Кæй сæ раргом кодта, уый тыххæй та ис тæрхондонмæ бахъаст кæнын. Социалон хызты та ма ахæм хъæппæрис разынд: Артемий Лебедевы студи цы æрымысыд, уый фыццаджыдæр айсын хъæуы, æвзæр конд кæй æрцыди, уый тыххæй. Стæй ма, туристон нысан хъæуы хъæлæскæныны хуызы равзарын. Ома цæмæй йæ республикæйы цæрджытæ сæхæдæг равзарой. Уый фæдыл дæнцæгæн дæр ма æрхастой нæ сыхæгты - Кæсæг Балхъары. Æмæ ма ууыл куы ахицæн уыдадид хъуыддаг. Ахæм æнæуаг митæ хынцгæйæ, туристон бренды фарста нæ, фæлæ Беслæны мадæлты комитет цы хæрзаудæн мадзал расидт, уый дæр æхгæд æрцыд. Артемий Лебедев уый куы базыдта, уæд та ногæй видео афыста. Ногæй дзы ницы фехъуыстам, куыд раздæр, афтæ йæ хъуыды æнæивгæйæ раргом кодта. Ацы фарстайы фæдыл йæ хъуыдыдæ загъта нæ республикæйы информацион технологиты æмæ бастдзинады управленийы разамонæг Сæлбиты Алан дæр. Уый, туризмы логотип снысан кæныны хъуыддагмæ йæхи æвæрæн бахаста. Цы нын радзырдта, уымæ ма байхъусут. Закъоны бындурыл ацы хъуыдадгмæ куыд æркæсдзысты, уый нырма бæрæг нæу. Уæдмæ уал бæрнон кусджытæ цы дзуапп раттдзысты, уый рахсджы сбæрæг уыдзæн. Уымæй нын ныфс бавæрдтой. Æнхъæлмæ кæсдзыстæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Артемий Лебедев загъта афтæ: Æгъгъæд у Беслæны тыххæй адæмæн дзурын. Хъæуы йæ ферох кæнын
Категория:
Новости и СМИ