Дзæуджыхъæуы 6 фæндаджы бындуронæй сцалцæг кодтой
Дзæуджыхъæуы 6 фæндаджы бындуронæй сцалцæг кодтой. Уыдоны 'хсæн -Гæздæнты 'фсымæрты номыл уынг, Къостайы номыл проспект, Пожарскийы, Колыты Аксойы, Мæскуыйы æмæ Чапаевы номыл уынгтæ. Куыстыты хæрзхъæддзинадмæ сæ цæст дардтой æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ. Фæндæгтæм базылдысты проект "Карта убитых дорог"-ы фæлгæты. Куыстыæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæй баззадысты разыйæ. Фæлæ дзы хъæндзинæдтæ дæр ссардтой. Уынгты иуæй-иу ран фæндаггон нысантæ нæ уыд. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, алкæй бон дæр кæй у фæндаггон картæйыл фæбæрæг кæнын бæстонæй цалцæггæнинаг фæндæгтæ.Æппæтуæрæсеон фронты минæвæрттæ та горæты администрацийы æргом аздахдзысты уыцы фарстамæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы 6 фæндаджы бындуронæй сцалцæг кодтой
Категория:
Новости и СМИ