Адæмон фронты фæсивæдон дæлхайады уæнгтæ бæрæг кæнынц батарейкæты урнæты уавæр

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

«Молодежка ОНФ»-ы уæнгтæ Дзæуджыхъæуы æмæ районты сæвæрдтой, æнæхъæугæ батарейкæтæ кæдæм æппарой, ахæм сæрмагонд урнæтæ. Æвæрд сты Дзæуджыхъæуы базарадон центрты, технопарк «Кванториумы»-ы, дуканиты, адæм фылдæр кæм æмбырд кæнынц, ахæм бынæтты. Ацы хъуыддаг 2 азы размæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрады хъæппæрисæй фæзынд. Куыд рабæрæг, афтæмæй адæм батарейкæты урнæты ныппарынц æндæр бырæттæ дæр. Мæнæ ахæм чысыл батарейкæ, куыд экологийæн, афтæ адæймагæн дæр стыр зиан хæссы. Иу батарейкæ знаггад кæны зæххы 20 квадратон метрæн, 400 литры бæрц та - донæн. Ахæм уавæр кæй сæвзæры, уымæн аххосджын адæймаг йæхæдæг у. Хъуамæ, батарейкæтæн цы сæрмагонд бынæттæ ис, уырдæм сæ æппарой. Ахæм сæрмагонд бынæттæ нæ республикæйы æвæрд сты Дзæуджыхъæуы базарадон центрты, Технопарк «Кванториумы»-ы æмæ районты дуканиты. Иу ма дзы ныр фæзынд базарадон центр "Стейтон"-ы. Ацы ахсджиаг куыст кæны Æппæтуæрæсеон адæмон фронты æрыгæтты къорд «Молодежка ОНФ». Йæ уæнг Анзор Карданов куыд зæгъы, афтæмæй проект цалдæр азы æххæст кæнынц. Уæдмæ адæм æн æмбарын кæнынц, ацы сæрмагонд урнæтæ цæмæн хъæуынц, уый. Анзор Карданов, «Молодежка ОНФ»-ы уæнг: «Ацы хъуыддагæн ис хорз фæстиуджытæ, уымæн æмæ азæй-азмæ цы сæрмагонд бырондæттæ æрæвæрдтам, уыдон арæхдæр афтид фæкæнæм. Фæлæ ма дзы ис ахæм хъуыддаг дæр, æмæ батарейкæтимæ фылдæр вæййы æндæрхуызон бырæттæ. Курæг стæм, цæмæй дзы батарейкæтæй уæлдай мацы æппарой. Сæрмагонд нывтæ дæр урнæтыл бакодтам æмæ уыдоны фæрцы базонæн ис, цы дзы калын хъæуы, уый». Кæд 2 азы дæргъы ацы сæрмагонд бырондæттæ ифтонг кæнынц, уæддæр нæ республикæйы цæрджытæ нырма æххæстæй нæ зонынц, æнæхъæугæ батарейкæтæн сæрмагонд бырондæттæ кæй ис, уый. Уымæ гæсгæ, канд батарейкæтæ нæ, фæлæ ма æндæр алыхуызон бырæттæ дæр ацы бырондоны ныппарынц. Майрæмыхъуаты Ригита, базарадон центр «Столица»-йы кусæг: «Бырондоныл кæд сæрмагонд нысан ис, уæддæр дзы адæм æнæхъæугæ бырæттæ ныппарынц. Нæхæдæг дæр сæ арæх фенæм. Афтæ дæр вæййы, æмæ адæм æрбахæссынц батарейкæтæ дæр, бафæрсынц нæ, мах сын бацамонæм, кæдæм сæ ныппарой, уый æмæ сæ бапълан кæнæм». Ис ахæмтæ дæр, кæцытæ зонынц ацы хъуыддаг æмæ сæ уæндонæй раттынц сæрмагонд уагдæттæм. Аслан Рустамов йæ гыццыл чызгимæ хорз зоны, батарейкæтæ цы зиан хæссынц, уый. Фæнды йæ, цæмæй ахæм сæрмагонд бырондæттæ ноджы фылдæр кæной. Аслан Рустамов, Дзæуджыхъæуы цæрæг: «Адæм фылдæрæй кæм æмбырд кæнынц, ахæм рæтты ма ноджы дæр куы уаид батарейкæтæн бырондæттæ, уæд нын уаид æнцондæр». Иу урнæйы цæуы 50 кг бæрц. «Молодежка ОНФ»-ы уæнгтæ, батарейкæты урнæтæ куыддæр байдзаг вæййынц, афтæ сæ раттынц цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрадмæ. Уый фæстæ арвитынц Челябинскы заводмæ æмæ та сыл уым ногæй бакусынц. Айларты Эмилия _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Адæмон фронты фæсивæдон дæлхайады уæнгтæ бæрæг кæнынц батарейкæты урнæты уавæр

Категория:

Новости и СМИ