Паддзахадон æмæ муниципалон исбонадæй, зæххытæй пайдакæнынады фарстатыл дзырдтой сæрмагонд æмбырды

Паддзахадон æмæ муниципалон исбонадæй, зæххытæй пайдакæнынады фарстатыл дзырдтой сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Паддзахадон исбонады æмæ зæххы ахастдзинæдты министр Тедеты Руслан куыд фехъусын кодта, афтæмæй хъæуты сæрвæттæн рахай кодтой 25 зæххы хайы, сæ иумæйаг фæзуат у 2 мин гектарæй фылдæр. Ныхас ма цыд бирæсывæллонджын бинонтæн зæххы хæйттæ лæвар дæттыны прогаммæйыл. Мемориал "Барбашово поле"-мæ хæстæг ацы хъуыддагæн рахай кодтой 45 гектары фæзуат. Уый фæрцы зæххы хæйттæ райдзысты 500-йæ фылдæр бинонтæ. Ныхас цыд зæххы хæйтты паддзахадон кадастрон аргъыл дæр. Премьер дзуапдæттæг кусджытæн бабар кодта уавæрмæ æркæсын. Уымæй уæлдай, дзуапдæттæг министрад хъуамæ фылдæр æргом аздаха исбонад æмæ хаццонæй фиддонтæй æфтиæгтæм. Æмбырды ма дзырдтой ахсджиаг проекттæ æххæст кæнынæн инвестицион фæзуæттæ агурыныл. Ныртæккæ инвестортæн бацæттæ кодтой 30 зæххы хыйы æмæ ууыл куыст не 'рлæууыд.

Иконка канала IRYSTONTV
1 504 подписчика
12+
32 просмотра
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии