«Аудиобалц аргъæутты бæстæмæ» банымадтой Уæрæсейы хуыздæр проектæй иуыл
Проект Цæгат Ирыстонæй «Аудиобалц аргъæутты бæстæмæ» банымадтой Уæрæсейы 100 хуыздæр проектæй иуыл. Арæзт у мадæлон æвзаг бахъахъхъæнынмæ, сæрмагондæй ирон æвзаг. Йæ аразæг Гæбæраты Æхсар. Хорзæхгонд æрцыд президенты фонды грантæй. Ирыстоны минæвары куыстæн аргъ скодтой бархионты Æппæтадæмон форумы Сочийы. «Аудиобалц» Æхсар равæрдта лæвар мобилон уæлæфтуан «Ирон чиныг»-ы. Байхъусæн дзы ис ирон фысджыты уацмыстæм. Грантæй куыд спайда кæндзæн Æхсар уый нын йæхæдæг радзурдзæн. Абон нæм ис уазæгуаты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Аудиобалц аргъæутты бæстæмæ» банымадтой Уæрæсейы хуыздæр проектæй иуыл
Категория:
Новости и СМИ