Æппæтдунеон допинджы ныхмæ агентад Уæззау Атлетикæйы дунеон федерацийы курдиатимæ сразы ис
Æппæтдунеон допинджы ныхмæ агентад Уæззау Атлетикæйы дунеон федерацийы курдиатимæ сразы ис. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм уæззау атлетикæйæ 5 уæрæсейаг спортсмены допинджы тыххæй ерыстæй систой. Ахæм уынаффæ рахастой Мæскуыйы допинджы ныхмæ лабораторийы иртæстыты хатдзæгтæм гæсгæ. Уыимæ ма æнхъæлмæ кæсынц æндæр федерациты курдиаттæм дæр. Уый тыххæй хъусын кæны Æппæтдунеон допинджы ныхмæ агентады пресс-службæ. Дыццæджы агентадæй куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ерыстæй систой уæрæсейаг уæззау атлетты: Æлбегаты Руслан, Давид Беджанян, Олег Чен, Егор Климонов æмæ Тъуриты Тимæйы. Уынаффæ йæ тыхы бацыд 12 август 2019 азы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æппæтдунеон допинджы ныхмæ агентад Уæззау Атлетикæйы дунеон федерацийы курдиатимæ сразы ис
Категория:
Новости и СМИ