Æппæтуæрæсеон бынативгæ фестивалы регианалон къæпхæн райдыдта
Донбассы ӕвдыст цаутæ фæстаг фараст азы сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстдзинад æмæ йæ хъайтартæ документалон кинонывы. Дзæуджыхъæуы райдыдта «Кино на службе Отечеству», зæгъгæ, æппæтуæрæсеон бынативгæ фестивалы регионалон къæпхæн. Снысан æй кодтой сæрмагонд æфсæддон оперцийы афӕдзӕн Æртæ боны дæргъы æвдисдзысты уæрæсейаг режиссерты куыстытæ. Уымæй уæлдай ма аивадуарзджытæн фадат уыдзæн зындгонд артисттæ, музыканттæ æмæ поэттимæ аныхас кæнын. Фестивалы дарддæры пункт - Санкт-Петербург. Пъланмæ гæсгæ ма бабæрæг кæндзысты Хуссар федералон зылды горæттæ. Фестиваль аразынц Владимир Путины амынддзинадмæ гæсгæ.