Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло уыд кусæг балцы æрæфы районы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

Сергей Меняйло кусæг балцы уыд Æрæфы районы. Регионы разамонæг федта хæххон фæндаг «Мацутæ-Комы-Арты» рацарæзт. Цалцæггæнæн куыстытæ арæзт цæуынц дыууæ къæпхæнæй. Ацы аз аразджытæ сцалцæг кæндзысты фæндаджы уадздзаг - йæ дæргъ 21 км, стæй Гæлиатмæ бацæуæн. Пъланмæ гæсгæ рацарæзты хæйттæй иу - 60 дондзæуæн хæтæлы сæвæрын, саразын фæндаджы уæлцъар æмæ 5 сæрмагонд хиды. Дзуапдæттæг комитеты сæрдар, районы разамынд, стæй подрядон куыстуаты минæвæрттимæ Сергей Меняйло æрдзырдта дарддæры архайды фæткыл. Регионы разамонæг æргом аздæхта цæмæй объект бæрæггонд рæстæгмæ конд æрцæуа, уымæ дæр. Фæнысан кодта, уый, æмæ Дыгургом тынг цымыдисаг кæй у туристтæн. Æмæ дзы кæй хъæуы ацы къабазы райрæзтыл бакусын, загъта Сергей Меняйло. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv