Сдзæр сывæллæтты хæдзар «Надеждæ»-йы хъомылгæнинæгтæм уазæгуаты æрбацыд шоколадарзæг
Дур-Дуры сывæллæтты хæдзар «Надеждæ»-йы хъомылгæнинæгтæн равдыстой, æцæг шоколад куыд аразгæ, уый. Мадзал сарæзтой «Я – шоколатье», зæгъгæ, проекты фæлгæты. Йæ автор Тауаситы Маринæ. Уый сывæллæттæн бæстонæй радзырдта йæ дæсныйады сусæгдзинæдты тыххæй. Уый фæстæ иумæ райдыдтой шоколад цæттæ кæнын. Адджинаг куыд срæвдз ис, уæд дзы æрыгон шоколатьетæ сæхи хорз федтой, фæхай дзы кодтой уазджытæн дæр. «Надеждæ»-йы хъомылгæнинæгтæ уазджытæй нæ басусæг кодтой сæ бæлиццтæ æмæ фидæны пълæнттæ. Сывæллæттæн мадзал сæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Уымæ гæсгæ сын Тауаситы Маринæ зæрдæ бавæрдта, йæ ног проекты архайынмæ сæм кæй фæдзурдзæн, уымæй. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм «Я – шоколатье», зæгъгæ, проект 2018 азы ссис форум «Машук»-ы уæлахиздзау. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сдзæр сывæллæтты хæдзар «Надеждæ»-йы хъомылгæнинæгтæм уазæгуаты æрбацыд шоколадарзæг
Категория:
Новости и СМИ