Камбилеевкæйы цæрæг Дзасохты Геннадий дары хъæрмуæттæ
Камбилеевкæйы цæрæг Дзасохты Геннадий зæххы куыст 10 азæй фылдæр кæны. Йæ хæдзары цур сарæзта хъæрмуæттæ. Зайын дзы кæны экологон æгъдауæй сыгъдæг халсартæ. Ныридæгæн йæ хæрзхъæд халсарты кой айхъуыст æнæхъæн республикæйыл дæр. Фæллад нæ зоны, хур йæ фыццаг тынтæ куы сдары, уæд та нæлгоймаг йæ зайæгойты цур балæууы. Раст æй цыма уыдон дæр æмбаргæ кæнынц, афтæ сæ къабæзтæ алыхуызон хæрздæф халсартæй æруæззау вæййынц. Не `рмæджы хъайтары хъæрмуæттыл йæ цæст ахаста нæ уацхæссæг Хуасдзауты Алинæ. Æмæ, куыд фæзæгъынц, йæ цæсты сахадыдтой. Дзасохты Геннадий хъæрмуæтты куыст кæны 10 азæй фылдæр. Раздæр-иу æвзæр боныхъæды аххосæй гом арвы бын йæ тыллæг кæй фесæфт, уый тыххæй сфæнд кодта хъæрмуæттæ саразын. Фыццаг хъæрмуат ын сарæзтой кæсгон специалисттæ. Фыццаджыдæр кусын райдыдта пъæмидортимæ. Уый фæстæ ныссагъта джитъритæ дæр. Йæ сæйраг хæсыл кæддæриддæр нымайы æнæ химион буаргъæдтæй, экологон æгъдауæй сыгъдæг продукци æрзайын кæнын. Уайтагъддæр йæ халсарты кой æнæхъæн республикæйыл айхъуыст. Геннадийæн йæ бон райдайы 5 сахатыл. Куыд зæгъы, афтæмæй ацы куыстæй æппындæр нæ фæллайы. Хъæрмуатмæ куы æрбахизы, уæд цыма уæнгрогдæр фæвæййы, афтæ йæм фæкæсы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фыццаг рæстæг бирæты уырнгæ дæр нæ кодта, экологон æгъдауæй сыгъдæг халсартæ æнцонтæй зайын кæнæн кæй ис, уый. Ныртæккæ йæ продукци дуканиты онг дæр нæ бахæццæ вæййы. Хæдзармæ йæм æрбацæуынц республикæйы алы къуымтæй. Цы рæстæг кусы, уæдмæ бирæ сорттæ бавзæрста. Фæлæ æппæты хæрзаддæр разынд пинк-парадайз, зæгъгæ. Ныртæккæ йæм ис 400 быны. Бонцухæй дзы æрæмбырд кæны 50-60 килæйы пъæмидортæ. Цæмæй йæ халсартæ хуыздæр зайой, уый тыххæй сын скæны пысырайæ хацæн. Дыууæ къуырийы дæргъы боцкъайы фæлæууы, стæй йæ уæд йæ хъæрмуаты халсартыл ныккæны. Суанг ма сын зæхх дæр аивы. Афæдзмæ - 3-4 хатты. Пайда кæны сæрмагонд донпырхгæнæн системæйæ дæр. Æрдзон къæвдайау, дон зайæгойтыл хауы æртахгай. Хъæрмуæтты пъæмидортæ æмæ джитъритæ зайынц февралæй ноябры онг. Фæлæ зымæджы дæр Геннадийы фæзуæттæ афтид нæ вæййынц. Халсарты хуымты `хсæн Геннадий сарæзта сæрмагонд бынат. Афтæ уарзы йæ куыст, æмæ æппынæдзух ног цыдæртæ æрымысы. Йæ куысты сусæгдзинæдтæ Геннадий зæрдæрайгæйæ раргом кæны адæмæн. Ахæмтæ æрвылбон бирæ разыны. Мыггæгтæ дзы чи аласы, уыдон æй æппынæдзух афæрсынц, куыд сæм зилын хъæуы, уымæй. Фæнды сæ, цæмæй уыдон дæр Геннадийы хуызæн рæсугъд æмæ хæрзад тыллæг æмбырд кæной. Иу хъæрмуаты цалынмæ тыллæг рæзы, уæдмæ иннæйы мыггæгтæ ныссаджы. Ацы зайæгойтæ ныссагъта дыууæ къуырийы размæ. Мæй æмæ æрдæджы фæстæ сыл фæзындзæн фыццаг пъæмидортæ. Дыууæ къуырийы фæстæ та дзы ныссаддзæнис джитъритæ. Геннадимæ фидæнмæ дæр бирæ пълæнттæ ис. Фæлæ йæ гæнæнтæ бынтон уæрæх не сты. Йæ хъæрмуæттæ нырыккон домæнтæм гæсгæ арæзт куы уаиккой, уæд дзы æнæхъæн афæдзы дæргъы дæр алыхуызон халсартæ зайын кæнид. Йæ куыстыл тынг æнувыд у. Уырны йæ, æмбæлгæ `ххуысимæ йæ къухы бирæ фылдæр кæй бафтдзæн, уый. Хуасдзауты Алинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Камбилеевкæйы цæрæг Дзасохты Геннадий дары хъæрмуæттæ
Категория:
Новости и СМИ