Театр «Премьера» 20 азы хъомыл кæны æрыгон курдиатджын артистты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

9 просмотров

8 лет назад

Театр «Премьера» 20 азы хъомыл кæны æрыгон курдиатджын артистты. Уымæн æвдисæн, алыхуызон конкурсты уæлахизтæ кæй бафты сæ къухы, уый. Æрæджы дæр та театры хъомылгæнинæгтæ рамбылдтой æппæдунеон фестивалы гран-при. Цæмæй дисы бафтыдтой жюрийы уæнгтæ, уый базондзыстæм нæ дарддæры æрмæгæй. Театр «Премьера» зын ссарæн нæу. Куыд раздæр, афтæ ныр дæр сывæллæтты сфæлдыстады галуаны. Ам сабыр никуы вæййы. Не сфæлдыстадон къорд дæр сæм бафтыд репетици йæ тæмæны куы уыд, уæд. Ацы аз студи бæрæг кæны йæ 20 азы юбилей. Наталья Ахтырцева, театр «Премьера»-йы разамонæг: «Музыкалон театры ис кафыны, зарыны æмæ актеры дæсныйады хайæдтæ. Афтæмæй сывæллæттæ исынц алывæрсыг зонындзинæдтæ. Махæн та нæ сæйраг хæс у - сывæллæтты канд культурæмæ æмхиц нæ кæнын, фæлæ ма сæ ахуырадыл кусын. Сæ райрæзт нын ахадгæ у». Коллектив арæх фæархайы алыхуызон æппæтуæрæсеон æмæ æппæтдунеон конкурсты. Уæлахиздзаутæ иу бирæ хæттыты систы. Æппæтæй æхсызгондæр та сын у ног адæмимæ кæй базонгæ вæййынц æмæ сæ фæлтæрдзинад кæй ахуыр кæнынц, уый. Елена Смирнова  театр «Премьера»-йы разамонæг: «Уыд конкурс хуынд «Виват, Санкт-Петербург». Уым æрмæст конкурсы нæ архайдтам. Уыдис нæм семинартæ дæр. Æргом ныхас кодтам иннæ коллективты минæвæрттимæ, фæзынд нæм ног бастдзинæдтæ. Æмæ арæх ныхас кæнæм иннæ регионты æмæ фæсарæнты коллективты разамонджытимæ. Райстам хъæугæ зонындзинæдтæ, не нкъарæнтæ абарæн дæр ницæиымæ ис. Ныр дарддæр дæр нæ сфæлдыстадон куыст зæрдæргъæвдæй кæндзыстæм». Театралон скъолайы ахуырдзаутæ алыхуызон сты. Чи цырд у, кæй разæнгард кæнын, чи та тынг æфсæрмытæгæнаг вæййы. Ахуыргæнæджы сæйрагдæр хæс у - сывæллæоны миддуне раргом кæнын. Баххуыс сын кæнын сæ курдиат равдысынæн. Æппæтæй тынгдæр та разамонджытæн аргъ æмæ кад кæнынц сабитæ. Репетицитæм тынг фенхъæлмæ кæсынц. Зæрдæйæ йæ æмбарынц куыд пайда сты, уый. Конкурстæм дæр бæстон бацæттæ кæнынц. Театр «Премьера» курдиатджын артистты цалдæр фæлтæры схъомыл кодта. Бирæтæ дзы ныр равзæрст дæсныйады æнтыстджынæй кусынц. Сабитæн та театр дыккаг хæдзар сси. Ам банкъарынц сæ фидæн æмæ ссарынц ног хæлæртты. Йæ цард театримæ сбæттын кæй фæнды ахæмтæ дæр дзы ис. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Театр «Премьера» 20 азы хъомыл кæны æрыгон курдиатджын артистты

Категория:

Новости и СМИ