Хицауады уæнгтæ ныхас кодтой æхсæнадон бынæттæ аив кæныны мадзæлттыл
Хицауады уæнгтæ ныхас кодтой æхсæнадон бынæттæ аив кæныны мадзæлттыл
Æхсæнадон бынæттæ аив кæныны мадзæлттæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл дзырдтой хицауады уæнгтæ. Æмбырд амыдта премьер Дзанайты Барис. Ацы аз фæнд кæнынц 41 æхсæнадон бынат æмæ иу кæртмæ базилын. Æдæппæтæй бахардз кæндзысты 181,5 млн сомы. Уый тыххæй фехъусын кодта цæрæнуæтты коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн. «Горæты æнцонвадат архайд»-ы проект æххæст кæнгæйæ, бæстон зилынц хæдзæртты кæртытæм, алфамбылай территоритæм, парктæ æмæ аллейтæм. Куыстыты хæрзхъæддзинадмæ та сæ цæст дарынц хицауады уæнгтæ. Объекттæ бæлвырд æмгъуыдмæ хъуамæ аивгонд цæуой - фæнысан кодта Дзанайты Барис. Æппæтуæрæсеон конкурсы «Чысыл горæттæ æмæ историон хъæутæ»-йы программæмæ гæсгæ та ацы аз базилдзысты Беслæн æмæ Дигорайы æхсæнадон бынæттæм.