Доны станцæйы дарддæр цæуы егъау рацарæзт

Доны станцæйы уындӕй ныртæккæ дæр зæрдæ рухс кæны. Йæ фæзуат бирæ уæрæхдæр у, къахвæндæгтæ — фæтæн. Раздæр сыл дыууæ адæймаджы фæрсæй-фæрстæм зынтæй ацыдаиккой. Цъæх фæлыстæй саив кæныныл кусынц специалисттӕ. Ам ныссадздзысты 100 бæласæй фылдæр. Уæдæ рухсгæнæн системæ дæр — нырыккон. Дзырдæн, электрикæ иууылдæр уагъд у зæххы бынты. Станцæйы сараздзысты мад æмæ сывæллоны агъуыст, нуазыны донимæ фонтантæ, санитарон æмæ хинайæн агъуыстытæ. Волейболæй хъазын чи уарзы, уыдонæн ам фæз уыдзæн. Йæ цуры — тренажерты фæзуат. Куыстытæ цæуынц дыууæ цады дæр. Дыууæ цады дæр уыдзæн 5 метры дæргъæн цæджындзтæ. Доны алыварс — улӕфынмӕ бынæттӕ. Сæ фæзуæттыл зайдзæн цъæх кæрдæг. Чысыл дарддæр — найæн бынат, сывæллæттæн дæр, æмæ хистæртæн дæр. Алцыдæр æнцонвадат куыд уа, ууыл архайынц. Объекты цæттæдзинад, куыстытæ æххæстгæнджыты ныхæстæм гæсгæ, у 80%. Куыстытæ цæуынц дыууæ къæпхæнæй. Фыццаг уал доны станцæ сног æмæ саив кæндзысты. Дыккаг та ноджы егъаудæр у. Ам фæзындзæн аквацентр, фысымуæттæ, доны аттракционты парк, хæрæндæттæ. Рацарæзты фыццаг къæпхæн фæуыдзæн ацы аз. Иннæ аз ма ноджыдæр бакусдзысты цъæх фæлыстыл. Ног найæн сезоны горæты цæрджытæ æмæ уазджытæ ам кӕй улæфдзысты, уымӕй зæрдæ æвæрынц куыстытæ æххæстгæнджытæ.

Иконка канала IRYSTONTV
1 463 подписчика
12+
22 просмотра
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии