Ахсджиаг ныхас

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав кусæг фембæлд сарæзта Хицауады сæрдар Азымты Иринæ, фæллой æмæ социалон рæзты министр Хуыбаты Барис, стæй сывæллоны бартæ хъахъхъæнæг Кокайты Артуримæ. Ныхас кодтой социалон фарстатыл. Битарты Вячеслав куыд фæнысан кодта, афтæмæй æппæт фиддонтæ дæр хъуамæ фыст цæуой афоныл. Уый тыххæй ивгъуыд азы `мгъуыдмæ республикæйы хицауадæн бирæ бантыст. Сæрмагондæй дзырдтой мадæлты капиталыл. Республикæйы разамонæг ма иу хатт загъта, ацы аз сæ фидын кæй райдайдзысты. Хуыбаты Барис фæнысан кодта, ныртæккæ хъуыддагыл бæлвырдæй кæй кусынц, уый. Фембæлды архайджытæ ма дзырдтой карджын адæмыл аудæн хæдзар "Узæлд"-ы тыххæй дæр. Ныртæккæ дзы кæнынц бындурон цалцæг. Рæхджы хъуамæ фæуа. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Ахсджиаг ныхас

Категория:

Новости и СМИ