Ацæргæ адæмы хæдзар «Забота»-мæ саккаг кодтой хæрæндон «Къона»-йы минæвæрттæ
Хистæрæн йæ фындз амæрз æмæ йæ зондæй афæрс. Дзæуджыхъæуы ацæргæ адæмы хæдзар «Забота»-йы цæрджытæ абон «Æгас цуай» загътой зæрдиаг уазджытæн. Сæмбæлдысты сæм хæрæндон «Къона»-йы минæвæрттæ æмæ сæ хорз фæхынцтой. Сæ хъæппæрис бабастой сылгоймæгты бæрæгбонимæ. Дзыкка, уæлибæхтæ, цæхдон, нас, давæттæ. Фынгтæ ирон хæринæгтæй бæз-бæз кæнынц. Къæбицы æвæрæнтæ иууылдæр ардæм рахастой. Ацæргæ адæмы хæдзар «Забота»-йы цæрджытæн уыцы лæвар бакодтой ирон хæрæндон «Къона»-йы минæвæрттæ. Хæрзаудæн акци, бинонтæ æмæ хиуæттæй æвæгæсæгæй чи аззад, уыдоны зæрдæмæ фæцыд. Куыд зæгъынц, афтæмæй сæ царды ад банкъарынæн бирæ цыдæртæ нæ фæхъæуы. Сæ цæстæнгас сæм кæй раздæхтой, уый тыххæй уазджытæн загътой зæрдиаг бузныг. Ацæргæ адæмы зæрдæтæ бахъæлдзæг кæнынмæ ма сæм æрцыдысты Дзæуджыхъæуы аивæдты колледжы адæмон инструментты ансамбль «Нæртон»-æй дæр. Сæ цард сын барæсугъд кодтой аив мелодитæ æмæ зæрдиаг кафтæй. Карджын адæм уыцы нывтæм сæхи нал баурæдтой: хъазты фæзы æрзилдух кодтой. Концертон программæйы амидингæнджыты ныхæстæм гæсгæ, ахæм мадзал саразын алы хатт дæр вæййы ахсджиаг. Ацæргæ адæймаджы зæрдæ барухс кæнын у Хуыцауæй цæугæ хъуыддаг. Къух исын ыл не `мбæлы. Хæрзаудæн акцитæ хæрæндон «Къона» иу æмæ дыууæ хатты нæ сарæзта. Алыхуызон бæрæгбæтты арæх баллæууынц лæггад кæнынмæ. Фæнды сæ, цæмæй хистæрты зæрдæ алкæддæр рухс кæна. А-дунейыл иунæгæй баззадысты, зæгъгæ, хъуыдытæ сæм хъуамæ макуы равзæра. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ацæргæ адæмы хæдзар «Забота»-мæ саккаг кодтой хæрæндон «Къона»-йы минæвæрттæ
Категория:
Новости и СМИ