«Куырмыты æхсæнад»-ы бæстыхай, гæнæ ис, æмæ æнæ электрон тыхæй баззайа
«Куырмыты æхсæнад»-ы бæстыхай, гæнæн ис, æмæ æнæ электрон тыхæй баззайа. Куыстуаты хæс афæдзы дæргъы рæзт æмæ афтæ дæр фыст не ’рцыд. Абоны бонмæ хæс дарынц 200 мин сомæй фылдæр. «Россети Цæгат Кавказ» -ы бæрны разамынддæттæг компани «Цæгаткавказэнерго»-мæ абоненттæй сæрмагонд фыстæджытæ иу æмæ дыууæ хатты не ’рбацыд. Ома, фиддонтæ кæй баххæст кæндзысты. Фæлæ нырмæ дæр хæс æрмæстдæр рæзы. Социалон ахадындзинад кæмæн ис, уыцы объекттæн сарæзтой аудит. Уымæ гæсгæ рабæрæг, электрон тых фылдæр хадзгонд цæуы, бæстыхайы цы 24 коммерцион объекты кусы, уыдоныл. Се ’хсæн дуканитæ, кафетæ, хъæдæрмæгимæ кусæн цех æмæ афтæ дарддæр. Уыцы куыстуæтты «Куырмыты æхсæнад»-æй иу адæймаг дæр нæ кусы. Куыстуаты бæстыхæйттæ лæвæрд цæуынц амалхъом адæмæн хаццоны. Хæстæгдæр рæстæг куыстуат йæ хæстæ куы нæ бафида уæд фæиппæрд уыдзæн электрон тыхæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Куырмыты æхсæнад»-ы бæстыхай, гæнæ ис, æмæ æнæ электрон тыхæй баззайа
Категория:
Новости и СМИ