Хъæугæ æххуыс

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 просмотров

8 лет назад

Цæгат Ирыстоны раззагдæр хъæууон-хæдзарадон куыстуæттæ райсдзысты гранттæй æххуыс. Кæцытæ уыдзысты, уый афтæ æнцон рабæрæг кæнын нæу. Фæкæсдзысты æрмæст уыцы фемертæм, æмæ къамис кæй равзара. Грант райсыны сæйраг домæнтæй иу у куысты бынæттæ саразын. Ацы хатт Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады министр Уазиты Хъазыбег араст кусæг балцы Мæздæджы районмæ. Базонгæ цалдæр райдайæг фермеримæ. Гæбулты бинонтæ хæдзарон фос дарын æрæджы райдыдтой. Дыууæ азмæ сæм фæзынд ссæдз хъуджы. Ныр та ма хуытæ дарын дæр райдыдтой. Сæ фермæ нырма къаннæг у, фæлæ бинонтæм стыр пълæнттæ ис. Куы базыдтой райдайæг фермертæн æххуысы программæйы тыххæй, уæд сæ бафæндыд уым бацархайын. Хъæууон хæдзарады министрады минæвæртты Мæздæджы районмæ балцы иннæ æрлæууæн уыд Киевы хъæуы мæргъты фермæ. Ам ис стыр инкубатор. Дарынц дзы бабызтæ, хъазтæ, гогызтæ æмæ цицыртæ. Æйчытæ æмæ маргъы фыдæй æгас Мæздæджы фаг дæр сты. Æндæр рæттæм ауæй кæнын дæр ма сын дзы бантысы. Фæлæ ууыл нæ баурæдтой. Бафæндыд ма сæ стурвос дарын дæр. Уазджытæ ма абон бабæрæг кодтой 5 фермæйы. Се `ппæтæн дæр сæ бон у паддзахады æххуыс рамбулын. Мæздæджы районы уæлдай цæст дарынц фосы куыстмæ. Уымæн æмæ дзы ахæм фермертæ фаг нæй. «Уавæр абон у тынг æвзæр. Фермæтæ нæм гыццыл ис. Иууылдæр зæххы куыст кæнынмæ фесты. Нæ размæ лæууы фосдарыны къабаз райрæзын кæныны хæс - стуртæ, лыстæг фос æмæ æндæр хæдзарон хайуантæ», — муниципалон сконд Мæздæджы районы сæргълæууæг Гугиты Геннадий. Балцы фæстæ хъæууон хæдзарады министрад æрбамбырд кодтой фосдардарджыты фидæнмæ нысæнттыл аныхас кæнынмæ. Эксперттæ бирæ аиппытæ раиртæстой. Уыдоны тыххæй æркасты архайджытæ, гæнæн ис, æмæ гранттæ нæ райсдзысты. Кæнæ та райсдзысты, фæлæ хæрзчысыл. Къуылымпыдзинæдтæ аиуварс кæнын æмæ æркастмæ цæттæ уæвынын амалхъом адæймæгтæн рæстæг нырма ис. Фермертæн ма æххуыс кæндзысты сæ гæххæттытæ бацæттæ кæнынмæ. Афтæ - проекттæ царды рауадзынæн дæр. Фарон уыцы хæрдзтæн радих кодтой 120 милуан сомы. Ацы фæрæзтæ фæфылдæр уыдзысты, æви нæ, нырма бæрæг нæу. Фæлæ хицауад йæ зæрдæ дарынц, Мæздæджы районы фермертæн баххуыс кæныны фаг кæй уыдзысты. Хъулаты Юрий _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хъæугæ æххуыс

Категория:

Новости и СМИ