Хуссар Ирыстоны пъæлицæйы кусджытæ фæбыцæу сты фыдгæнджытимæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Нæ программæ райдайдзыстæм æнæхълæджы хабарæй. Æрцыд Хуссар Ирыстоны. Уым пъæлицæйы кусджытæ фæбыцæу сты фыдгæнджытимæ. Афтæмæй барадхъахъæнджытæй дыууæйы хæцæнгарзæй фехстой. Хабары тыххæй хъусын кæнынц республикæйы дзыллон информацион фæрæзтæ. Æвирхъау цау æрцыд Цхинвалы районы, Залды хъæуы. Куыд рабæрæг, афтæмæй фыдгæнæг фарон аз, сæрды, алыгъд Мидхъуыддæгты Министрады изоляторæй. Йæ ном Къæбысты Андрей. Ныр фæзынди бæлвырд информаци, кæцы ран ис, уый тыххæй. Пъæлицæйæгтæ, уый фæдыл, бынатмæ фæтагъд кодтой, æрцахсой йæ зæгъгæ. Профилон министрады сæргъдæууæджы хæдивæг Кокойты Тарзаны ныхæстæм гæсгæ, барадхъахъæнджыты ныхмæ ма æрлæууыди æндæр нæлгоймаг дæр - йæмæ æмархайд чи кодта, уый - Гæбæраты Сæрмæт. Афтæмæй се*хсæн рауад быцæу. Дыккаг закъонхалæг дæр фæцæф ис. Афæмæй бынатæй алыгъдысты. Фыццаг бамбæхстысты хъæуы цы хæдзæрттæ ис, уыдонæй иуы. Фæлæ фæтарстысты æмæ уæд хъæдмæ рацыдысты. Пъæлицæйæгтæ уыцы ран сгарæн куыстытæм бавнæлдтой. Архайынц дзы æппæт тыхы ведомствоты кусджытæ. Хуссар Ирыстоны Республикон рынчындонæй та куыд хъусын кæнынц, афтæмæй барадхъахъæнджытæй иу ис уæззау уавæры. Дохтыртæ йын æмбæлгæ медицинон æххуыс кæнынц. Бафтаудзыстæм ма уый æмæ Къæбысты Андрейы азымджын кæнынц адæмы кæй давта æмæ уый тыххæй æхца кæй домттта, уымæй. Æрфарсты йæ азымыл басаст. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хуссар Ирыстоны пъæлицæйы кусджытæ фæбыцæу сты фыдгæнджытимæ

Категория:

Новости и СМИ